Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 6:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Дунедарӕг мын фехъуыста мӕ курдиат, Дунедарӕг мын айсдзӕни мӕ куывд!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Дунедарӕг мын фехъуыста мӕ курдиат, Дунедарӕг мын айсдзӕни мӕ куывд!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 6:10
23 Iomraidhean Croise  

Уӕхи ӕрӕмбарут, фыддзинад ма ’руадзут, ӕрбайхъусут, ме ’рдыгӕй ис рӕстдзинад!


Йӕ афоны сын зӕгъдзӕни мӕстыйӕ, Йӕ судзгӕ мастӕй сыл тас бафтаудзӕн:


Дӕ хорзӕх мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр, ӕмӕ цӕрын Де ’цӕгадмӕ гӕсгӕ.


Сӕ иу ныхасыл дӕр ӕууӕнк нӕй, сӕ зӕрдӕ у фыдбылызмӕ арӕзт, сӕ дзых — гом ингӕн, се ’взаг — мӕнгард.


уӕд фыдгул мӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд, раййафӕд мӕ, сыджыты бын мӕ фӕкӕнӕд, мӕ кад мын рыджы сӕвдулӕд!


Фӕтӕригъӕд кӕндзӕн мӕгуырӕн, мӕгуыр адӕмы фервӕзын кӕндзӕни,


Дӕ бӕлоны уд знӕгты къухмӕ ма ратт, Дӕ зӕрдӕсаст адӕмы рохуаты ма ныууадз бынтон.


Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.


О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.


Фӕлӕ Дунедарӕг тыхджын ӕфсӕддонау мемӕ ис ӕдзухдӕр. Уымӕ гӕсгӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕкӕлдзысты, нӕ мыл фӕуӕлахиз уыдзысты. Худинаджы бын фӕуыдзысты, цӕмӕ бӕллынц, уый сӕ къухы нӕ бафтдзӕн, сӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.


Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.


Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan