Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 59:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Дӕ адӕмӕн бавзарын кодтай фыдбылызтӕ, сӕрзилӕн сӕн нын бадардтай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Дӕ адӕмӕн бавзарын кодтай фыдбылызтӕ, сӕрзилӕн сӕн нын бадардтай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 59:5
19 Iomraidhean Croise  

Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Ел-Елохе-Исраел.


О, фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт! Хъӕрзын мӕ мастӕй, катайы бацыдтӕн,


О Дунедарӕг, Дӕ масты цӕхӕртӕ скал! Ме знӕт фыдгулты ныхмӕ ралӕуу! Ӕркӕс мӕм ӕмӕ рахӕц мӕ сӕрыл, цы тӕрхон рахастай, уый сӕххӕст кӕн!


Сыкъауадындзӕй-иу ныууасут мӕйноджы ӕмӕ цӕлхыдзаг мӕйы бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы!


О Дунедарӕг, Дӕ хорзӕх нын ратт, Дӕ ирвӕзындзинад нын балӕвар кӕн!


Ӕмӕ ӕз ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй Сионы чызджы кулдуары раз, цин кӕндзынӕн, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.


Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,


Ноджыдӕр ма загъта Хуыцау Моисейӕн: «Зӕгъ-иу израилӕгтӕн, кӕй дӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау. Гъе уый уын Мӕ ном мыггагмӕ — фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Мӕм цӕмӕй уыцы номӕй куват.


Ӕрбайхъусут Дунедарӕгмӕ, Содомы ӕлдӕрттӕ! Уӕ хъус ӕрдарут нӕ Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Гоморрӕйы адӕм!


Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.


О Дунедарӕг, Ды зоныс бӕлвырд: мӕ фесафынӕн аразынц фыдвӕндтӕ. О, ма сын сис сӕ фыдракӕндты азым, сӕ тӕригъӕдтӕ сын макуы ныббар! Уадз ӕмӕ бабын уой Дӕ разы, фесаф сӕ Дӕ масты бон!


Дӕ паддзахады барджынтӕ, стыр хицӕуттӕ, уынаффӕйы лӕгтӕ ӕмӕ уллутӕ ахсджиагыл нымайынц, цӕмӕй паддзах ахӕм бардзырд ратта: дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хуыцаумӕ мачи скувӕд, стӕй дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр адӕймагмӕ дӕр мачи бацӕуӕд курӕг. Чи нӕ байхъуса, уый та домбӕйтты хъоргъмӕ ӕппӕрст ӕрцӕуӕд.


Израилӕгтӕ, сымах Мын эфиопӕгтӕй уӕлдай не стут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз израилӕгты ракодтон Мысырӕй, филистимӕгты — Кафторӕй, арамейӕгты — Кирӕй.


Уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхас фӕсайдта. Израилы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт ӕцӕг израилӕгтӕ не сты.


Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan