Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 59:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Моав — Мӕ хихсӕн тас. Мӕ дзабыр аппардзынӕн Едомыл, филистимӕгты зӕххыл айзӕлдзӕни Мӕ цины хъӕр!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Моав — Мӕ хихсӕн тас. Мӕ дзабыр аппардзынӕн Едомыл, филистимӕгты зӕххыл айзӕлдзӕни Мӕ цины хъӕр!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 59:10
23 Iomraidhean Croise  

Давид Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаныл скодта ацы хъарӕг,


цӕмӕй йӕ ӕрбадын кӕна ӕлдӕрттимӕ, йӕ адӕмы уӕздӕттимӕ;


Мӕ Хуыцау, хъӕрахст Дӕм кӕнын бонӕй, фӕлӕ мӕ нӕ хъусыс; ӕхсӕв дӕр ӕрдиаг кӕнын, фӕлӕ мӕ сабыргӕнӕг нӕй.


Хуыцау у ӕгас зӕххы Паддзах, аив зарӕг Ын зарут!


Ӕз та Де стыр хорзӕхы фӕрцы бацӕудзынӕн Дӕ Хӕдзармӕ, Дӕ Кувӕндоны, аргъуыцгӕнгӕ, бакувдзынӕн.


Мӕ зӕрдӕ сӕнкъуысы мӕ мидӕг, мӕлӕтдзаг тасӕй уадзыгау фӕдӕн.


Ӕз загътон: «Тӕхуды ӕмӕ мын исчи бӕлоны базыртӕ куы раттид, ӕз атӕхин ӕмӕ ӕнцой ссарин.


Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау, батӕригъӕд мын кӕн! Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ. Дӕ базыры бын мӕ бакӕн, цалынмӕ мӕм фыдбылыз кӕсы, уӕдмӕ!


О Хуыцау, арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, сног нын кӕн нӕ тых! Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис, ӕмӕ фервӕзӕм!


Фыдгӕнджытӕ кӕрдӕгау рӕзынц, ӕнӕхуыцӕуттӕ дидинӕг калынц, фӕлӕ уыдон фесӕфдзысты мыггагмӕ.


Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.


Зоныс ӕй, ӕз Дӕумӕ фыййауӕй кусынмӕ нӕ бӕллыдтӕн, бӕллӕхы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кастӕн. Мӕ дзыхӕй цы ссыди, уыдӕттӕ Дын ӕргом сты.


Арфӕгонд уӕд нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд ӕмӕ нӕ ныфсдӕттӕг Хуыцау.


Мах уын ныртӕккӕ цы зӕгъӕм, уый Бардарӕджы ныхас у: Бардарӕджы ӕрцыдмӕ махӕй удӕгасӕй чи баззайа, уыдон мӕрдты разӕй нӕ фӕуыдзысты.


Чысыл рӕстӕг тухӕнтӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ, алы хорзӕх дӕр Кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау уӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сӕвзӕрста Йе ’нусон кадӕй хай райсынмӕ, ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг ратдзӕн ног тыхтӕ, скӕндзӕн уӕ удвидар, хъаруджын ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ.


Йӕ ныхасыл-ма бафтыдта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй — Йӕхӕдӕг ӕрцӕвдзӕн Дунедарӕг Саулы: искӕд бон йӕхи мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, науӕд та хӕстмӕ ацӕудзӕн ӕмӕ уым фӕмард уыдзӕни. Мӕн та Дунедарӕг Йӕ байсӕрстмӕ мӕ къух сисынӕй бахизӕд!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan