Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 56:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Мӕ къӕхты размӕ мын сӕвӕрдтой къӕппӕг, ӕмӕ мӕ удӕн асасти йӕ ныфс; мӕ фӕндагыл скъахтой уӕрм, фӕлӕ дзы ныххаудысты сӕхӕдӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Мӕ къӕхты размӕ мын сӕвӕрдтой къӕппӕг, ӕмӕ мӕ удӕн асасти йӕ ныфс; мӕ фӕндагыл скъахтой уӕрм, фӕлӕ дзы ныххаудысты сӕхӕдӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 56:7
14 Iomraidhean Croise  

Ӕнӕхуыцау рӕстгӕнӕджы ныхмӕ аразы фыдвӕндтӕ, йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ӕм цӕуы,


Уӕлӕрвтӕ расидтысты Йӕ рӕстад — Хуыцау Йӕхӕдӕг у тӕрхонгӕнӕг.


Дӕумӕ фыст сты ме ’ппӕт тухӕнтӕ, мӕ цӕссыгтӕ мын Дӕ мигӕнӕны нывӕр, уадз ӕмӕ Дӕ чиныджы уой.


Ды ризӕг бахӕцын кодтай зӕххыл, ныскъуыдтӕ йӕ кодтай; сдзӕбӕх ын кӕн йӕ хъӕдгӕмттӕ — фезмӕлыдис йӕ бынатӕй.


Адӕймаг дымгӕ йӕ армы нӕ бауромдзӕн, стӕй йӕ удыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы, цы бон амӕлдзӕн, уый йӕхицӕй аразгӕ нӕу. Ацы мӕлӕтдзаг тохӕн аргъӕвӕн нӕй, суанг фыдгӕнӕг дӕр йӕ фыдбылызты фӕрцы нӕ аирвӕздзӕн.


Сымах уӕхицӕй дзурут, мӕлӕтимӕ ӕмдзӕхдон систӕм, мӕрдтыбӕстимӕ бафидыдтам, зӕгъгӕ. Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ бӕллӕх уӕ иувӕрсты ацӕудзӕн, мӕнгдзинад ӕмӕ фӕлывды дӕлбазыр кӕй балӕууыдыстут, уый фӕрцы.


Дӕу чи нӕ зоны ӕмӕ Дын Дӕ ном чи нӕ ары, уыцы адӕмтыл Дӕ маст ныккал, уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой, бабын кодтой Йаковы, йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кодтой.


Уый фӕстӕ ӕрбацӕут ӕмӕ, Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис, уым Мӕ разы ӕрлӕуут ӕмӕ фӕзӕгъут: „Мах фервӕзтыстӕм!“ — цӕмӕй та дарддӕр ӕппӕт уыцы ӕлгъаг митӕ кӕнат.


Фӕлӕ ӕгӕр сыгъдӕг сты Дӕ цӕстытӕ фыдракӕндтӕ уынынӕн. Бӕллӕхмӕ кӕсын нӕу Дӕ бон. Уӕдӕ фӕлитойтӕм куыд кӕсыс? Фыдгӕнӕг ӕнаххосы куы фӕныхъуыры, уӕд куыд фӕлӕууыс ӕдзӕмӕй?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan