Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 56:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 О Хуыцау, арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 О Хуыцау, арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 56:6
22 Iomraidhean Croise  

Мӕ алы къахдзӕф дӕр мын нымайыс ныр, фӕлӕ мӕм уӕд тӕригъӕд кӕд нал агурис,


Сӕ дзыхтӕ мӕм ныххӕлиу кодтой, мӕстӕй мӕ марынц, мӕ рустӕ мын цӕвынц.


Ӕви мын Хуыцау мӕ фӕндӕгтӕ нӕ уыны, ӕви мын мӕ алы къахдзӕф дӕр нӕ нымайы?


Мӕ куывд Дӕм схӕццӕ уӕд буды хӕрздӕфау! Мӕ къухтӕ Дӕм кӕй ныттыгътон, уый та Дын фӕуӕд изӕры нывондау!


О Хуыцау! Хъоды ныл бакодтай, ныццагътай нӕ, смӕсты нӕм дӕ, фӕлӕ та нӕ Дӕ хорзӕхы аккаг скӕн.


Фидӕнт ын хъалон Таршиш ӕмӕ сакъадӕхты паддзӕхтӕ; Сава ӕмӕ Севайы паддзӕхтӕ йын лӕвӕрттӕ хӕссӕнт.


Ӕнӕхуыцау! Рӕстуды хӕдзары раз асадӕны ма бад, йӕ хӕдзар ын ма сафтид кӕн,


Бабырсинаг-иу дӕм чи уа, уымӕн Ӕз фӕндаг нал ратдзынӕн, ӕмӕ-иу йӕхӕдӕг бабын уыдзӕн.


Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!» Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».


Стыр хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕ Даниилмӕ сӕ хъус дардтой: паддзахады ныхмӕ исты фыдракӕнд кӕд сараздзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй йӕ фӕазымджын кӕной. Фӕлӕ Даниил уыдис иузӕрдион йӕ паддзахыл, ӕмӕ йӕм сӕ бон исты аипп ссарын нӕ уыди.


Йесойы чи ӕрцахста, уыдон Ӕй акодтой алчер Каиафӕмӕ. Уым ӕмбырдӕй уыдысты динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ.


Куы сбон ис, уӕд алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Йесойӕн марыны тӕрхон рахӕссой.


Уӕд Йесойы аивӕй хъахъхъӕнын райдыдтой ӕмӕ Йӕм, сӕхи рӕстгӕнджытӕй чи ӕвдыста, ахӕм мӕнгард лӕгты барвыстой, цӕмӕй Йӕ уыдон исты ныхасӕй ӕрцахсой — хицауады, ромаг бӕстыхицауы къухмӕ Йын раттӕн куыд уыдаид, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan