Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 53:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн Дӕ номы руаджы, Дӕ хъаруйы фӕрцы мын равзар мӕ хъаст.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн Дӕ номы руаджы, Дӕ хъаруйы фӕрцы мын равзар мӕ хъаст.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 53:3
13 Iomraidhean Croise  

Израилӕгтӕ дӕр Давиды фӕуагътой ӕмӕ Бихрийы фырт Савейы фӕдыл фӕраст сты. Иудейӕгтӕ та сӕ паддзахимӕ баззадысты ӕмӕ Иорданӕй суанг Йерусалимы онг йемӕ фӕцыдысты.


Адӕймаг та бынтон ӕлгъаг ӕмӕ хӕлд у, тӕригъӕды бацӕуын уымӕн дон нуазынау у.


хахуыртӕ чи нӕ мысы, йӕ хӕларӕн фыдбылыз чи нӕ аразы, йӕ хионы чи нӕ фауы;


Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.


Мах иууылдӕр фӕчъизи стӕм, чъизи дарӕсау — не ’ппӕт рӕстдзинад. Бахус стӕм сыфтӕрау, нӕ фыдракӕндтӕ нӕ сӕ уӕлныхты систой уадау ӕмӕ нӕ фӕхӕссынц.


Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй.


стӕй, Дунедарӕгмӕ йӕ чъылдым чи раздӕхта, чи Йӕ нӕ агуры ӕмӕ Йӕ чи нӕ фӕрсы, уыдоны.


Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты, иу дӕр дзы нӕ бӕззы; хорздзинад ничиуал кӕны, иунӕг адӕймаг дӕр.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уыдӕттӕй нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, аргъуыцгӕнгӕ нӕхи снывонд кӕнӕм Хуыцауӕн.


Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд, алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат.


Мӕ уарзон хӕлар, ӕвзӕр цы у, уый ма фӕзм, фӕлӕ фӕзм, хорз цы у, уый. Хӕрзгӕнӕг Хуыцауӕй у; хӕрам хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый та Хуыцауы нӕ федта.


Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр ӕвзӕр митӕ кӕнӕд. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи; рӕстгӕнӕг дарддӕр раст хъуыддӕгтӕ кӕнӕд; сыгъдӕг чи у, уый дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan