Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 53:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды зондамонӕн псалом,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды зондамонӕн псалом,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 53:1
24 Iomraidhean Croise  

Йӕхинымӕр дзырдта: «Куы ницы базмӕлон, уӕд, чи зоны, ӕмӕ паддзахад ногӕй бахауа Давиды байзӕддаджы къухмӕ.


Фӕзындис сӕм дины хъахбай лӕгтӕ дӕр ӕмӕ, Дунедарӕг кӕддӕр Израилы адӕмы цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕппӕт ӕлгъаг митӕ фӕзмын байдыдтой.


Чъизи цы у, уырдыгӕй исчи сыгъдӕгӕй исты райсдзӕни? Ничи.


Адӕймаг та бынтон ӕлгъаг ӕмӕ хӕлд у, тӕригъӕды бацӕуын уымӕн дон нуазынау у.


Дунедарӕг — Йӕ уаз Кувӕндоны, Дунедарӕг — Йӕ паддзахы бадӕны уӕлӕрвты! Йӕ цӕст дары адӕммӕ, фӕлвары сӕ Йӕ цӕстӕнгас.


Уый фыдгӕнджытыл судзгӕ ’взалытӕ, сондон ӕруарын кӕндзӕн къӕвдайау, судзгӕ зилгӕ уад — сӕ хай.


Зарахы байзӕддаг Етаны зондамонӕн псалом.


Фӕлӕ уыдоны ӕлгъаг митау нӕ уыдысты дӕ митӕ, уыдӕттӕ дын фаг нӕ уыдысты, ды уыдонӕй фӕфыддӕр дӕ.


Самарийы тӕригъӕдтӕ дӕр дӕу тӕригъӕдтӕн се ’мбисы бӕрц нӕ баисты. Де ’лгъаг митӕй амбылдтай дӕ хоты, ӕмӕ, ды цы ’лгъаг митӕ кодтай, уыдоны раз дӕ хотӕ дӕуӕй растдӕр разындысты.


Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.


Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕмӕн баззайдзысты, дӕхицӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыдон?“


Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн, цы кад Ын ӕмбӕлы, ахӕм кад не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтыл саудалынг ӕртыхсти.


Хуыцауы базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау сӕ галиу зонды ӕвджид ныууагъта, ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц.


Уымӕн ӕмӕ, уыдон сусӕгӕй цы кӕнынц, уыдӕттӕн суанг сӕ кой дӕр худинаг у.


Ды Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, афтӕ ма кӕн: Дунедарӕг цӕуылдӕриддӕр ӕлгъ кӕны ӕмӕ Йын цыдӕриддӕр ӕнӕуынон у, уыдӕттӕ уыдон сӕ хуыцӕуттӕн кодтой; суанг ма сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр арты сыгътой сӕ хуыцӕутты номыл.


Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртаттӕгты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цы фӕцардыстут, уый — уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцтӕ, фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan