Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 52:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ӕппындӕр сын тас кӕм ницӕмӕй уыд, уым сыл ӕвиппайды ӕвирхъау тас ӕртыхсдзӕн. Хуыцау дын де знӕгты стджытӕ ныххӕлиу кӕндзӕн, фӕхудинаг сӕ кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау атигъ кӕндзӕн Йӕхи.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 Ӕппындӕр сын тас кӕм ницӕмӕй уыд, уым сыл ӕвиппайды ӕвирхъау тас ӕртыхсдзӕн. Хуыцау дын де знӕгты стджытӕ ныххӕлиу кӕндзӕн, фӕхудинаг сӕ кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау атигъ кӕндзӕн Йӕхи.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 52:6
15 Iomraidhean Croise  

Рӕстуд сӕм кӕсдзӕн ӕмӕ райдзӕн, ӕнӕтӕригъӕд сыл худдзӕн:


Баххуыс мын кӕндзӕни Дунедарӕг — арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕг.


Дунедарӕг ӕй бахъахъхъӕндзӕн, мӕлӕтӕй йӕ бахиздзӕн, цардамонд ын схай кӕндзӕн, знаджы къухтӕм ӕй нӕ ратдзӕн.


Зӕххы кӕрӕтты Де ’вдисӕйнӕгтӕй адӕм фыр тӕссӕй ризынц, скӕсӕн ӕмӕ Дӕ ныгуылӕны стауынц.


Цӕугӕдӕттӕ Йын ӕмдзӕгъд кӕнӕнт, цин кӕнӕнт хӕхтӕ


Раст ныхӕстӕ баззайдзысты ӕнусмӕ, мӕнг ныхас — ӕрмӕстдӕр иу уысммӕ.


ӕмӕ йын Ӕз загътон: „Ӕлгъ дыл кӕндзысты ӕмӕ дыл худдзысты Сионы хохы цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм.


Уыдӕттӕ уӕхи цӕстӕй фендзыстут ӕмӕ зӕгъдзыстут: «Дунедарӕджы хъомыс Израилы арӕнтӕй дарддӕр аххӕссыд».


Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, Дунедарӕг, чи не скӕндзӕн кад Дӕ номӕн? Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ. Ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ Дӕм кувдзысты, уымӕн ӕмӕ раргом сты Дӕ раст тӕрхӕттӕ».


Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan