Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 50:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 50:15
32 Iomraidhean Croise  

Езекиа къулы ’рдӕм базылдта йе ’ргом ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта:


„Исты бӕллӕх ныл куы ’рцӕуа — хӕст, рын кӕнӕ стонг заман, — уӕд ӕрлӕудзыстӕм ацы Кувӕндоны раз, Дӕ разы, уымӕн ӕмӕ ацы Кувӕндоны Дӕ ном цӕры. Ӕмӕ Дӕм уынгӕг заманы куы скувӕм, уӕд нӕ Ды фехъусдзынӕ ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕндзынӕ“.


Скувдзынӕ Йӕм, ӕмӕ дын дӕ куывд фехъусдзӕн, ды та дӕ сомы нӕ фӕсайдзынӕ.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон хӕхтӕм: кӕцӕй мӕм ӕрцӕудзӕн ӕххуыс?


Дымгӕ кӕй ныффӕйлауы, уыцы зыгуымау суӕнт, Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕсурӕд!


Мӕ сӕрӕн ницы зонын, афтӕмӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой; ницы ракодтон, афтӕмӕй мын уӕрм скъахтой.


О Хуыцау, фехъус мын мӕ хъӕр! Ӕрмӕстдӕр мӕ Ды сраст кӕндзынӕ! Ды-иу мӕ фервӕзын кодтай уынгӕджы заман. Батӕригъӕд кӕн ӕмӕ мын айс мӕ куывд!


Ӕз дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй, рагзаманты сусӕгтӕ уын ӕрхӕсдзынӕн.


Цы фехъуыстам ӕмӕ цы базыдтам, фыдӕлтӕ нын кӕй радзырдтой,


фӕлӕ сымах дӕр иннӕ адӕмау амӕлдзыстут, зӕххон хицӕуттау бабын уыдзыстут».


Сионы тыххӕй дӕр дзурдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым, ӕмӕ уыцы сахарӕн фидар бындур Бӕрзӕндтыл Бадӕг Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта».


Кафджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ зӕгъдзысты: «Нӕ фарны суадӕттӕ иууылдӕр Дӕуӕй цӕуынц!»


зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,


Фӕлӕ дӕу Ӕз уыцы бон фервӕзын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Кӕмӕй тӕрсыс, уыцы адӕмы къухтӕм лӕвӕрд не ’рцӕудзынӕ.


Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»


Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн.


Ӕмӕ, утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо ноджы зӕрдиагдӕрӕй куывта; Йӕ хид туджы ӕртӕхтау зӕхмӕ тагъди.


Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы уат ӕмӕ бирӕ пайда куы ӕрхӕссат, уӕд уымӕй раргом уыдзӕн Мӕ Фыды кад.


Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой, зарыдысты Хуыцауы кадӕн, ахӕстытӕ та сӕм хъуыстой.


Хъизӕмар уӕ исчи ӕвзары? Кувӕд. Амондджын уӕ исчи у? Зарӕд Хуыцауӕй ӕппӕлӕн зарджытӕ.


Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.


Кӕд уыл Чырыстийы номы тыххӕй цъыф калынц, уӕд тӕхудиаг стут, уымӕн ӕмӕ намысджын Уд — Хуыцауы Уд — уӕ зӕрдӕты ис. [Уыдон Ӕй фауынц, сымах та Йӕ кадджын кӕнут.]


Уӕд Хуыцау Лехийы сахары цур айнӕджы цъасс байгом кодта, ӕмӕ дзы дон ракалди. Самсон йӕ дойны куы суагъта, уӕд ӕм йӕ хъару раздӕхт ӕмӕ йӕхимӕ ’рцыди. Лехийы раз цы суадон фӕзынд, уымӕн абоны онг дӕр ис ахӕм ном — Ен-ха-Коре.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan