Псаломтӕ 5:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст10 Сӕ иу ныхасыл дӕр ӕууӕнк нӕй, сӕ зӕрдӕ у фыдбылызмӕ арӕзт, сӕ дзых — гом ингӕн, се ’взаг — мӕнгард. Faic an caibideilОсетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета10 Сӕ иу ныхасыл дӕр ӕууӕнк нӕй, сӕ зӕрдӕ у фыдбылызмӕ арӕзт, сӕ дзых — гом ингӕн, се ’взаг — мӕнгард. Faic an caibideil |
Амациа йын йӕ ныхас ӕрдӕгыл аскъуыдта ӕмӕ загъта: «Паддзахӕн дӕ уынаффӕгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Ныхъхъус у, цалынмӕ дӕ нӕ амардтой, уӕдмӕ!» Пехуымпар иу цасдӕр ницыуал сдзырдта, стӕй загъта: «Ӕз ӕй зонын: Хуыцау дӕ фесафын сфӕнд кодта, кӕд ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс ӕмӕ дӕ мӕ уынаффӕмӕ байхъусын нӕ фӕнды, уӕд».
Давид фехъуыста, Навал кӕй амард, уый, ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Навал мӕ бафхӕрдта, фӕлӕ Дунедарӕг рахӕцыд мӕ фарс ӕмӕ йын йӕ фыдӕх йӕхи сӕрыл ӕруагъта. Йӕ цагъары та фыдми ракӕнынӕй бахызта». Уый фӕстӕ Давид хатджытӕ арвыста Авигеамӕ, цӕмӕй йын зӕгъой, кургӕ дӕ кӕны ӕмӕ йӕм ӕрцу, зӕгъгӕ.