Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 47:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Дунедарӕг стыр у, ӕмӕ Йӕ стауынц нӕ Хуыцауы сахары. Уым — Йӕ уаз хох,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Дунедарӕг стыр у, ӕмӕ йӕ стауынц нӕ Хуыцауы сахары. Уым — Йӕ уаз хох,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 47:2
18 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, фидыд зӕрдыл дарӕг, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн фарн дӕттӕг Хуыцау!


Арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдон Уый сфӕлдыста. Уый ӕнустӕм иузӕрдион у.


Ризӕг сыл бахӕцыди, скатай сты арӕг сылгоймагау,


Ӕркӕсут-ма, Хуыцау цы сарӕзта, уымӕ: Йӕ хъуыддӕгтӕ тасы ӕфтауынц адӕмы.


Стауӕнт Ӕй арв, зӕхх, денджызтӕ ӕмӕ, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон!


Ӕрымысдзынӕн Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, Дӕ кӕддӕры диссӕгтӕ ӕрлӕудзысты мӕ зӕрдыл.


Адӕмтӕн дзурут Йӕ кадыл, ӕппӕт адӕмтӕн — Йӕ диссӕгтыл.


Базонут: Дунедарӕг у Хуыцау. Уый нӕ рафӕлдыста, Уый стӕм — Йӕ фысты дзуг, Йӕ адӕм.


Йӕ рӕгъауы ӕнӕсахъат нӕлвос кӕмӕн ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн цӕнкуыл фосы нывондӕн чи ’рбахӕссы, уыцы фӕлитой ӕлгъыст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн хъомысджын Паддзах, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Мӕ ном стыр тасы ӕфтауы адӕмты.


Йесо сӕм ӕрбахӕстӕг ис ӕмӕ сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр Мӕнӕн лӕвӕрд сты.


Ацы чиныг цы Ӕгъдауыл дзуры, уый бӕстон куынӕ ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, куынӕ тӕрсат,


Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, стыр ӕмӕ карз Хуыцау, уемӕ ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan