1 Зарӕг. Корахы фыртты псалом.
Хъӕртӕ ӕмӕ сыкъауадындзы зӕлтимӕ Давид ӕмӕ ӕгас Израил ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын.
Сауджын паддзахы фырты ӕддӕмӕ ракодта, паддзахы худ ыл ӕркодта ӕмӕ йын радта паддзахиуӕджы ӕвдисӕндар. Уый фӕстӕ йӕ байсӕрста ӕмӕ йӕ расидти паддзахӕй. Иууылдӕр ын нымдзӕгъд кодтой ӕмӕ цинхъӕр самадтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»
иудейӕгтӕ та иууылдӕр иумӕ тохы хъӕр ныккодтой. Ӕмӕ, иудейӕгтӕ куы ныхъхъӕр кодтой, уӕд Дунедарӕг Авийа ӕмӕ иудейӕгтӕн сӕ цӕстыты раз Йоровам ӕмӕ ӕппӕт израилӕгты ныддӕрӕн кодта.
О Хуыцау, тӕрхонгӕнӕг мын фӕу, фыдзӕрдӕ адӕмимӕ быцӕуы мӕ фарсмӕ ’рбалӕуу, мӕнгард, ӕнӕраст адӕмӕй мӕ бахиз.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты псалом.
Паддзӕхтӕ ӕрӕмбырд сты, сӕ ных ӕм сарӕзтой,
Хъомысджын Паддзах раст тӕрхон уарзы. Ды сфидар кодтай рӕстдзинад, Йаковӕн равдыстай раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон.
Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Ды сын дзуапп лӕвӕрдтай ӕмӕ сын уыдтӕ бараг Хуыцау, фӕлӕ сӕ ӕфхӕрдтай сӕ рӕдыдты тыххӕй.
Рацӕудзыстут цинимӕ, арвитдзысты уӕ фарнимӕ. Фӕндагыл уын зардзысты хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ, ӕмдзӕгъд уын кӕндзысты быдыры ӕппӕт бӕлӕстӕ.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Хъӕлдзӕгӕй зарут Йаковыл, адӕмты сӕргъы чи лӕууы, уый хъӕрӕй сыстаут ӕмӕ дзурут: «О Дунедарӕг! Фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, Израилы байзӕддӕгты!»
Зар, Сионы чызг! Дӕ цины хъӕр райхъуысӕд, Израил! Йерусалимы чызг, дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй!
О, бӕрзонд хох! Ды чи дӕ Зоровавелы раз? Быдырӕй уӕлдай ницы дӕ йӕ цуры. Уый рахӕсдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, адӕм та хъӕр кӕндзысты: „Фарны дур нын фестӕд!“»
Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.
Самуел адӕмӕн загъта: «Уынут, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уый? Ӕппӕт адӕмы ’хсӕн ын ӕмбал нӕй». Адӕм иууылдӕр цины хъӕр ныккодтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»