Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 46:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уый нӕ разы басаста адӕмты, нӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста знӕмты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Уый нӕ разы басаста адӕмты, нӕ къӕхты бынмӕ ’рӕппӕрста знӕмты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 46:4
24 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ ныр Ӕз равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы цӕра Мӕ ном, ӕмӕ сӕвзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы, Израилы сӕргъы“.


Денджызты сӕрмӕ ӕрӕвӕрдта зӕхх, дӕтты сӕрмӕ йӕ ’рфидар кодта.


Ды Дӕхи къухӕй иннӕ адӕмты фӕсырдтай, уыдоны та ӕрцӕрын кодтай сӕ зӕххыл; басастай ӕмӕ фӕтардтай адӕмты.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты псалом.


Йӕ хионы уӕ ничи балхӕндзӕни мӕлӕтӕй, йӕ уды аргъ ын ничи бафиддзӕни Хуыцауӕн.


Уый нын нӕ цард хъахъхъӕны ӕмӕ нӕ фӕцудын нӕ уадзы.


Мӕ куывд Дӕм фехъуысӕд! Мӕ лӕгъстӕмӕ Дӕ хъус ӕрдар!


Псалом. Сабатбоны зарӕг.


Дунедарӕг у Паддзах! Кад — Йӕ фӕлыст, хъомыс — Йӕ рон, Уымӕн лӕууы дун-дуне фидар. Нӕ фенкъуысдзӕн.


О Дунедарӕг, ӕнӕхуыцӕуттӕ кӕдмӕ кӕндзысты уӕлахиз?


Бӕстӕйӕн йӕ хуыздӕр ӕфтиаг — чи йыл ауды, уыцы паддзах.


Тӕхуды ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кодтаиккат! Уӕд уӕ амонд ивылдаид фурдау, уӕ фарн та — абухгӕ денджызау.


Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.


Цӕимӕ ӕрлӕууон Дунедарӕджы раз, уӕларвы Хуыцаумӕ цӕимӕ бакувон? Йӕ цурмӕ иууылсудзинаг нывӕндтимӕ кӕнӕ афӕдздзыд родтимӕ бацӕуон?


Сымах та ӕрцыдыстут Сионы хохмӕ ӕмӕ цардӕгас Хуыцауы сахармӕ — уӕларвон Йерусалиммӕ, ӕнӕнымӕц зӕдты цины ӕмбырдмӕ,


Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард, ӕмӕ мӕ зӕд схаста стыр ӕмӕ бӕрзонд хохмӕ, фенын мын кодта Йерусалимы сыгъдӕг сахар уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan