Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 45:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕрцӕут ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фенут Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, зӕхх гӕныстон куыд фестын кодта, уый:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Ӕрцӕут ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фенут Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, зӕхх гӕныстон куыд фестын кодта, уый:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 45:9
19 Iomraidhean Croise  

Хирамы наутӕ дӕр, Соломонӕн Офирӕй сыгъзӕрин чи ласта, уыдон, уырдыгӕй ноджыдӕр ӕрбаластой тынг бирӕ зынаргъ хъӕдӕрмӕг ӕмӕ хӕзнадуртӕ.


Ӕмӕ Вирсави Адониайы тыххӕй паддзах Соломонмӕ бацыд. Паддзах ын фестад, ныллӕг ын акуывта йӕ сӕрӕй ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бадӕны сбадти. Уӕд паддзахы мадӕн дӕр ӕрӕвӕрдтой бадӕн. Уый Соломоны рахизфарс сбадти ӕмӕ загъта:


Фӕлӕ ды куырыхон лӕг дӕ, ӕмӕ йӕ ӕнӕ бафхӕргӕ ма ныууадз. Ныр цы зӕры кармӕ бацыд, уымӕй дарддӕр мауал фӕцӕрӕд, йӕ туг ныккӕлӕд ӕмӕ амӕлӕд».


Офир, Хавила, Йовав. Адон сты Йоктаны фырттӕ.


Дӕ хӕзнатӕм рыджы цӕстӕй акӕс, офираг сыгъзӕрин дойнаг дуртыл банымай.


Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!


бапырх ӕй кодтон миррӕ, алой ӕмӕ корицӕйӕ.


— О, раздӕх-ма, раздӕх, Суламитӕ! Раздӕх-ма, ӕмӕ дӕм бакӕсӕм! — Цӕмӕн кӕсут Суламитӕмӕ, раст цыма маханаимаг кафт кӕны, уыйау?


Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».


Усаг кӕмӕн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хӕлар та лӕууы йӕ фарсмӕ, хъусы йын йӕ райгӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йын цин кӕны йӕ циныл. Гъе ахӕм цин ныр ӕрцыди мӕнмӕ дӕр.


Уӕдӕ цин кӕнӕм, фыр цинӕй райӕм ӕмӕ Йын кад кӕнӕм. Уымӕн ӕмӕ ӕрцыди Уӕрыччы чындзӕхсӕвы рӕстӕг, ӕмӕ Йӕ Усаг ӕрцӕттӕ кодта йӕхи:


Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.


Адӕмтӕ цӕрдзысты сахары рухсмӕ, зӕххон паддзӕхтӕ йӕм ӕрхӕсдзысты сӕ кад.


Фӕстаг рынтӕй йедзаг авд кӕхцы цы авд зӕдмӕ уыди, уыдонӕй иу ӕрбацыди мӕнмӕ ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын равдисон Уӕрыччы Усаджы».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan