Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 45:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ баурӕдта хӕстытӕ, ныссаста ӕрдынтӕ, ӕрцытӕ ныцъцъӕл кодта, тохуӕрдӕттыл арт бафтыдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ баурӕдта хӕстытӕ, ныссаста ӕрдынтӕ, ӕрцытӕ ныцъцъӕл кодта, тохуӕрдӕттыл арт бафтыдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 45:10
14 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хионты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамонон, уырдӕм.


Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕни йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ суыдзысты иу буар.


Ӕмӕ Соломоны адӕмимӕ наутыл Ецион-Геверӕй араст сты Офирмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй паддзах Соломонӕн ӕрбаластой цыппарсӕдӕ дыууын таланты бӕрц сыгъзӕрин.


Фӕлӕ уый загъта: «Нӕ цӕуын, фӕлтау мӕхи бӕстӕм, мӕ фыды зӕхмӕ аздӕхдзынӕн».


Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу.


Ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд йӕ хӕдзӕрттӕ, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ сывӕллӕтты кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, ууыл уыдӕттӕ фондзыссӕдз ахӕмӕй бафтдзысты фӕстӕмӕ ӕмӕ схайджын уыдзӕн мыггагмӕйы цардӕй.


«Чи Мӕм ӕрбацӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.


Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм.


Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ фӕхицӕн ут, — зӕгъы Бардарӕг, — сыгъдӕг цы нӕу, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.


йӕ уацайраджы дарӕс раивӕд ӕмӕ мӕйы дӕргъы йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадыл фӕкӕуӕд. Уый фӕстӕ йемӕ ӕмуат ӕрцу, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус уыдзыстут.


Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕй, нӕ сӕ зонын, зӕгъгӕ, чи дзуры, йе ’фсымӕры чи нӕ нымайы, йӕ цоты чи нӕ хъуыды кӕны, уыдонӕн Дӕ дзырд сӕйрагдӕр у, Дӕ Фидыдӕй сын зынаргъдӕр ницы ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan