Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 43:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 О Хуыцау, мах нӕ фыдӕлтӕй фехъуыстам нӕхи хъустӕй, раджы заманы, сӕ рӕстӕджы, Ды цы хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, уыдоны кой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 О Хуыцау, мах нӕ фыдӕлтӕй фехъуыстам нӕхи хъустӕй, раджы заманы, сӕ рӕстӕджы, Ды цы хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, уыдоны кой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 43:2
17 Iomraidhean Croise  

Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


Ӕмӕ зӕгъдзысты: «Раст цыма зӕхх афастӕуыд ӕмӕ йӕ ныммур чындӕуыд, уыйау згъӕлынц не стджытӕ мӕрдтыбӕсты коммӕ».


Дунедарӕджы хъӕлӕс арты цӕхӕртӕ рацӕгъды.


Уымӕн ӕмӕ Дӕ къухы уӕз ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнкъарын мӕхиуыл. Мӕ тых байсысти, раст цыма — сӕрды ӕнтӕфӕй.


Дӕ дарӕс ӕнӕхъӕнӕй миррӕ, алой ӕмӕ кассийы хӕрздӕф кӕны, пылыстӕгӕй арӕзт галуаны Дӕу хъӕлдзӕг кӕнынц дыууадӕстӕноны зӕлтӕ.


Ӕдзӕрӕг быдыры сырдтӕ ӕрзоныг уӕнт йӕ разы, йе знӕгтӕ рыг сдӕрӕнт.


Цӕмӕй сӕ зӕрдӕ дарой Хуыцауыл, ма рох кӕной Хуыцауы хъуыддӕгтӕ, ӕххӕст Ын кӕной Йӕ фӕдзӕхстытӕ.


Дӕ паддзахы бадӕны бындур — рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон; Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинад цӕуынц Дӕ разӕй.


Дунедарӕг мӕ хъомыс, мӕ хъару, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг у. Уый мӕ Хуыцау у, ӕмӕ Йын кад кӕндзынӕн, Уый — мӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕмӕ Йӕ стаудзынӕн!


Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.


Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.


Дунедарӕджы хъомысы фӕрцы стыхджын уыдзысты, размӕ сӕ кӕндзӕни Йӕ ном, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.


Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan