Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 39:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Фыдбылызтӕ мыл ӕнӕнымӕцӕй ӕртыхстысты, мӕ тӕригъӕдтӕ мӕ баййӕфтой ӕмӕ мын сӕхгӕдтой мӕ цӕсты рухс: мӕ сӕрыхъуынтӕй фӕфылдӕр сты, мӕ ныфс фесӕфти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

13 Фыдбылызтӕ мыл ӕнӕнымӕцӕй ӕртыхстысты, мӕ тӕригъӕдтӕ мӕ баййӕфтой ӕмӕ мын сӕхгӕдтой мӕ цӕсты рухс: мӕ сӕрыхъуынтӕй фӕфылдӕр сты, мӕ ныфс фесӕфти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 39:13
12 Iomraidhean Croise  

Сӕ фыд Йаков сын загъта: «Мӕ фырттӕй мӕ фенӕхай кодтат. Йосеф нал ис. Симеон нал ис. Бениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр мӕныл цӕуынц!»


Йаков фараонӕн дзуапп радта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст».


Фӕцарди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, стӕй зӕххыл нал уыди — Хуыцау Йӕхимӕ айста Енохы.


«О Дунедарӕг! Рох Дӕ ма уӕд, иузӕрдион Дыл кӕй уыдтӕн, уый. Зӕрдиагӕй Дӕм куы хъуыстон, ӕдзух Дын Дӕ фӕндон куы ӕххӕст кодтон». Ӕмӕ Езекиа судзаг цӕссыг ӕруагъта.


Не ’ппӕт фыдӕлтау мах дӕр Дӕ разы ӕрцӕуӕггӕгтӕ стӕм, рӕстӕгмӕцӕрджытӕ. Нӕ царды бонтӕ ацы зӕххыл аууонӕй уӕлдай не сты, ницы ныфс нӕм ис.


Иу ран мӕ кӕд ныууадздзынӕ, иу уысм мӕ кӕд феуӕгъд кӕндзынӕ, — мӕ сӕт уӕд та нынныхъуырон?


Арвы иу кӕронӕй райдайы йӕ фӕндаг, абалц кӕны иу кӕронӕй иннӕмӕ, ӕмӕ нӕй бамбӕхсӕн йӕ тӕвдӕй.


Зӕхх мыггагмӕ ауӕй кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн у, сымах та стут, Мӕ зӕххыл чи ӕрцард, ахӕм ӕрцӕуӕггӕгтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan