Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 39:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Дунедарӕг, Дӕ хорзӕхӕй мӕ ӕнӕхай ма фӕкӕн! Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад иудадзыг хъахъхъӕнӕнт мӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Дунедарӕг, Дӕ хорзӕхӕй мӕ ӕнӕ хай ма фӕкӕн! Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад иудадзыг хъахъхъӕнӕнт мӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 39:12
19 Iomraidhean Croise  

Авраам ӕрцӕуӕггагӕй бирӕ фӕцарди филистимаг зӕххыл.


Йаков фараонӕн дзуапп радта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст».


Кӕд Дунедарӕг ӕркӕсид, къӕхты бын мӕ куыд кӕнынц, уымӕ, ӕмӕ мын абоны ӕлгъыст хорзӕн фӕкӕнид».


Не ’ппӕт фыдӕлтау мах дӕр Дӕ разы ӕрцӕуӕггӕгтӕ стӕм, рӕстӕгмӕцӕрджытӕ. Нӕ царды бонтӕ ацы зӕххыл аууонӕй уӕлдай не сты, ницы ныфс нӕм ис.


Ӕмӕ бартхутӕг дӕн бутъройау, рӕмпӕгдзӕф дарӕсау мӕхимидӕг згъӕлын.


Мӕ хӕлӕрттӕ мыл худынц, фӕлӕ мӕ цӕссыг Хуыцауы раз калын.


Давиды псалом. Арфӕ кӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн, арфӕ кӕн, мӕ зӕрдӕ, Йӕ уаз номӕн!


Мӕ зӕрдӕ фӕфидар ис, Хуыцау, фӕфидар ис мӕ зӕрдӕ: ӕз зардзынӕн, зарӕгӕй Дӕ стаудзынӕн.


Уымӕн ӕмӕ ды загътай: «Мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дарын». Дунедарӕгыл бафӕдзӕхстай дӕхи,


Зӕхх мыггагмӕ ауӕй кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн у, сымах та стут, Мӕ зӕххыл чи ӕрцард, ахӕм ӕрцӕуӕггӕгтӕ.


Мах кӕддӕриддӕр ныфсджын уымӕн стӕм, ӕмӕ зонӕм: цалынмӕ нӕ буары стӕм, уӕдмӕ — ӕцӕгӕлон ран, Бардарӕгӕй дард,


Ацы лӕгтӕ иууылдӕр мӕрдтӕм бацыдысты уырнгӕйӕ, кӕд, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый нӕ райстой, уӕддӕр. Ӕрмӕст ӕй дардмӕ федтой ӕмӕ йыл цин кодтой. Уыдон ыл басастысты ӕмӕ дзырдтой, зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ стӕм, зӕгъгӕ.


Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.


Чи никӕй хъулон кӕны, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ Чи хӕссы тӕрхон, кӕд Уый уӕ Фыд хонут, уӕд ӕцӕгӕлон бӕсты уӕ цард ӕрвитут афтӕ, ӕмӕ уӕм Хуыцауы тас куыд уа.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕсты рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты коммӕ ма кӕсут — уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan