Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 37:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Бастадтӕн, басасти мӕ хъару, зӕрдӕрыстӕй ныхъхъӕр кӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Бастадтӕн, басасти мӕ хъару, зӕрдӕрыстӕй ныхъхъӕр кӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 37:9
17 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ зӕххыл цӕрдзысты рӕстгӕнджытӕ, рӕстзӕрдӕтӕ йыл баззайдзысты,


Дзыназын куы байдайай, уӕд дӕм бакӕсдзыстӕм, кӕддӕра дӕ куыд фервӕзын кӕндзысты дӕ бирӕ гуымирытӕ. Се ’ппӕты дӕр дымгӕмӕ ныддардзысты, Йӕ зӕрдӕ Мӕныл чи дары, уыдоны хай бауыдзӕни зӕхх, Мӕ уаз хох бауыдзӕни сӕ исбон».


Ӕмӕ уӕд Мӕхӕдӕг суыдзынӕн уӕ цины суадон. Сисдзынӕн уӕ алы бӕрзӕндтӕм ӕмӕ уын саккаг кӕндзынӕн, кӕддӕр уӕ фыдӕл Йаковӕн цы исбон балӕвар кодтон, уый». Афтӕ загъта Дунедарӕг.


Дӕ адӕм уыдзысты рӕстгӕнджытӕ, ӕмӕ, цы зӕхх сфӕлдыстон, дыргъдонау кӕй сарӕзтон, уый мыггагмӕ уыдзӕни сӕ исбон. Ӕмӕ Мӕ кады ном айхъуысдзӕн адӕмтыл.


Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдонӕй загъта: «Амӕлдзысты ӕдзӕрӕг быдыры». Ӕмӕ сӕ ничиуал баззад, Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы фӕндӕгтыл цӕуын бафӕдзӕхста, уыцы фӕндӕгтыл цӕут, цӕмӕй сӕрӕгас ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй бирӕ фӕцӕрат, уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома уӕларвон бӕстӕм. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕгад нӕ кӕсы Йӕхи уыдоны Хуыцау хонын, уымӕн ӕмӕ Уый уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта сахар.


Ӕмӕ уыцы бон Моисей ард бахордта: „Дӕ къах кӕм ӕрӕвӕрдтай, уыцы зӕхх фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн мыггагмӕ ӕнӕмӕнг лӕвӕрд уыдзӕни дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн, Дунедарӕгыл, мӕ Хуыцауыл, ӕнӕгуырысхойӕ кӕй дардтай дӕ зӕрдӕ, уый тыххӕй“.


Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan