Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 36:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕдзӕмӕй ӕрлӕуу Дунедарӕджы раз, дӕ зӕрдӕ Йыл дар. Йӕ царды бирӕ кӕмӕн ӕнтысы, уыцы фӕлитойтӕм ма хӕлӕг кӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Ӕдзӕмӕй ӕрлӕуу Дунедарӕджы раз, дӕ зӕрдӕ Йыл дар. Йӕ царды бирӕ кӕмӕн ӕнтысы, уыцы фӕлитойтӕм ма хӕлӕг кӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 36:7
19 Iomraidhean Croise  

Ӕппӕтхъомысыл не ’ххӕссы нӕ зонд. Йӕ хъомысӕй, Йӕ раст тӕрхонӕй цытджын у. Йӕ рӕстад у ӕгӕрон, Уый никӕй ӕфхӕры.


Ныррызт ӕмӕ нынкъуысти зӕхх, хӕхтӕ фенкъуыстысты сӕ бындурӕй, ризӕг сыл бахӕцыд Йӕ азарӕй.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды куывд.


Фыдвӕндтӕ аразынц, фӕзӕгъынц: «Хорз фӕнд ӕрымысыдыстӕм! Нӕ зӕрды цы ис, уый ничи зоны!»


Йӕ кадджын ном арфӕгонд у ӕнусмӕ, ӕппӕт зӕхх байдзаг уӕд Йӕ кадӕй. Аммен, аммен!


Сионы тыххӕй дӕр дзурдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым, ӕмӕ уыцы сахарӕн фидар бындур Бӕрзӕндтыл Бадӕг Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта».


дӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты зӕлтимӕ.


Моисейы рӕзты ацыди ӕмӕ расидти: «О Дунедарӕг, Дунедарӕг, тӕригъӕдгӕнаг, хӕларзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бараг ӕмӕ иузӕрдион Хуыцау.


Йерусалим, Йерусалим! Пехуымпарты марӕг ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнынмӕ, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!


Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон ма фесӕфой, фӕлӕ сын уа мыггагмӕйы цард.


Афтӕмӕй махӕн, аргъ дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм хорзӕхтӕй зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, цӕмӕй уый фӕрцы сымах Хуыцауы ӕрдзыхъӕдӕй схайджын уат ӕмӕ ацы дунейы тӕригъӕдджын монцты аххосӕй ма фесӕфат.


Кӕсут-ма, Фыд нын цы уарзт балӕвар кодта, уымӕ, цӕмӕй хӕссӕм Йӕ хъӕбулты ном. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Йӕ хъӕбултӕ стӕм. Дуне Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, мах дӕр уый тыххӕй нӕ зоны.


Уый тыххӕй дын Дунедарӕг Йӕ хорзӕх раттӕд; дӕхи Йе ’вджид бакӕнынмӕ Кӕмӕ ӕрбацыдтӕ, уыцы Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, дын ӕххӕст хӕрзиуӕг уӕд!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan