Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 34:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Мӕ сӕрӕн ницы зонын, афтӕмӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой; ницы ракодтон, афтӕмӕй мын уӕрм скъахтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Мӕ сӕрӕн ницы зонын, афтӕмӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой; ницы ракодтон, афтӕмӕй мын уӕрм скъахтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 34:7
14 Iomraidhean Croise  

Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв фӕзынди Дунедарӕджы зӕд ӕмӕ ассириӕгты рӕсӕнуаты ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Сбон ис, ӕмӕ мӕнӕ алырдыгӕй — мӕрдтӕ.


Елисей скуывта: «О Дунедарӕг! Байгом ын кӕн йӕ цӕстытӕ, ӕмӕ сӕ фена». Дунедарӕг лӕггадгӕнӕджы цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ уый федта: Елисейы алыварс хох бӕхты ӕмӕ пиллӕттӕ уадзгӕ хӕстон уӕрдӕтты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕны.


Цӕугӕ кӕнон, мӕ фӕллад уадзон — Ды мӕ уыныс, мӕ фӕндӕгтӕ Дын иууылдӕр зындгонд сты.


О Дунедарӕг, фыдгӕнджытӕй мӕ бахиз, тыхгӕнджытӕй мӕ бахъахъхъӕн: цӕмӕй фӕцудон, уымӕ бӕллынц уыдон.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


Мӕнӕн та галы сыкъайау мӕ сыкъа сисыс бӕрзонд, ноглӕмӕрст оливӕйы сойӕ мӕ байсӕрдыс.


Идӕдз ус ӕмӕ сидзӕры ма ’фхӕр.


Дӕ хионы пӕлӕз цъынды куы райсай, уӕд ын ӕй хурныгуылдмӕ фӕстӕмӕ ратт,


Мӕ Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, ӕмӕ уый домбӕйтты дзыхтыл цъутта сӕвӕрдта. Ницы знаггад мын ракодтой, уымӕн ӕмӕ мӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг разындтӕн, стӕй дӕ разы дӕр, паддзах, азымджын нӕ дӕн».


Ӕз Мӕ Кувӕндон хъахъхъӕндзынӕн знӕгтӕй, ӕцӕгӕлӕтты йӕм бацӕуын нӕ бауадздзынӕн, тыхгӕнӕг уӕм никуыуал ӕрбабырсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз ныр Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон сымахмӕ.


Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.


Амард мӕгуыр лӕг, ӕмӕ йӕ зӕдтӕ Авраамы хъӕбысмӕ схастой. Амард хъӕздыг лӕг дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой.


Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan