Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 34:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Слас Дӕ кард ӕмӕ ӕрлӕуу мӕ фӕдылзилджыты ныхмӕ! Зӕгъ мӕ удӕн: «Ӕз дӕ ирвӕзынгӕнӕг дӕн!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 Слас Дӕ кард ӕмӕ ӕрлӕуу мӕ фӕдылзилджыты ныхмӕ! Зӕгъ мӕ удӕн: «Ӕз дӕ ирвӕзынгӕнӕг дӕн!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 34:3
18 Iomraidhean Croise  

Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон цинӕй райӕнт!


Давид басидт ӕппӕт адӕммӕ дӕр: «Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕм раарфӕ кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, ныддӕлгом сты Дунедарӕджы раз ӕмӕ паддзахы раз.


Паддзах Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ левиттӕн загътой, цӕмӕй Дунедарӕджы стауой Давид ӕмӕ зонынджын Асафы ныхӕстӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр хъӕлдзӕгӕй ныззарыдысты Дунедарӕджы кадӕн, бакуывтой Йын ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.


Нӕ Хуыцау нын раарфӕ кӕнӕд. Йӕ разы адӕм ӕмризӕджы ризӕнт ӕгас зӕххы кӕрӕтты.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куырыхон хъал ма уӕд йӕ зондӕй, тыхджын — тыхӕй, хъӕздыг — йӕ мулкӕй.


Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый Мӕн кӕй зоны ӕмӕ Мӕн кӕй ӕмбары, уымӕй ӕппӕлӕд. Ӕз, Дунедарӕг, зӕххыл аразын хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ раст тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мын уыдӕттӕ ӕхсызгон сты», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕд Мариа загъта: «Стауы мӕ зӕрдӕ Дунедарӕджы!


Уыцы хабар айхъуыст Эфесы ӕппӕт цӕрджытыл — иудейӕгтыл дӕр ӕмӕ муртаттӕгтыл дӕр, се ’ппӕты дӕр тас бацыд, ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ном кадджынӕй-кадджындӕр кодта.


Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, ӕз кӕй ницӕмӕй фегад уыдзынӕн, фӕлӕ раздӕрау ныр дӕр кӕй разындзынӕн ныфсджын, ӕмӕ мӕ фӕрцы снамысджын уыдзӕн Чырысти — кӕнӕ мӕ цардӕй, кӕнӕ мӕ мӕлӕтӕй.


Зӕд хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ Йын кад скӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тӕрхоны рӕстӕг. Бакувут арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ донгуырӕнтӕ Сфӕлдисӕгмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan