Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 34:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Мӕ хӕрзтӕ мын фидынц фыдӕй, мӕ амарыныл архайынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Мӕ хӕрзтӕ мын фидынц фыдӕй, мӕ амарыныл архайынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 34:12
16 Iomraidhean Croise  

Ӕртымбыл ут, ӕрбайхъусут, Йаковы фырттӕ, ӕрбайхъусут уӕ фыд Израилмӕ.


Кӕд, цы зӕгъай, уый дын нӕй, уӕд мӕнмӕ байхъус. Ды дӕ дзыхыл хӕц, ӕмӕ дын ӕз зонд бацамонон».


О ме Скӕнӕг, мӕ цард — дымгӕйы иу ӕрбафуттау, хорзӕй ницыуал фендзынӕн.


Уаз дӕ Ды, Израилы кады зарджыты астӕу Дӕ паддзахы бадӕны бадыс.


Нывӕндтӕ хӕссут, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕ зӕрдӕ дарут.


цӕмӕй хъусын кӕной, Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх, рӕстаг кӕй у, уый ӕмӕ Йӕм ӕнӕрастӕй кӕй ницы ис!


Мӕ лӕппу! Байхъус мын мӕ ныхасмӕ, мӕ ныхӕстӕм мын байхъус лӕмбынӕг.


Уӕдӕ мӕм байхъусут, лӕппутӕ, мӕ ныхӕстӕм мын байхъусут лӕмбынӕг.


Хуыцауӕй тӕрсын — куырыхон зонды райдиан, Уаз Хуыцауы базонын — ӕмбаргӕ зонды ӕвдисӕн.


Ныр ӕппӕт адӕттӕм куы байхъуыстай, уӕд дын мӕнӕ мӕ ныстуан: кад кӕн Хуыцауӕн ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕй ӕндӕр ницы баззайы ӕнусмӕ.


Лӕгӕн йӕ амонд цӕй мидӕг ис, цы чысыл азтӕ рацӕры, уыдоны дӕргъы цы хъуамӕ куса, уый базонын мӕ бафӕндыд. Мӕ зонд мӕхимӕ уыд, фӕлӕ зондцухты бафӕзмын сфӕнд кодтон ӕмӕ сӕныл фӕцахуыр дӕн.


Кӕд лӕг хӕры ӕмӕ нуазы, йӕ къухты фӕллойӕ йӕ зӕрдӕ райы, уӕд ын уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.


уарзут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хъусут Ӕм ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ ма ивут, уымӕн ӕмӕ Уымӕй аразгӕ у уӕ цард, уӕ цӕрӕнбон, Дунедарӕг нӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы бӕстӕ раттыныл басомы кодта, уым».


Тӕрсут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ Йын цӕрӕнбонты ӕххӕст кӕнут, ӕз уын кӕй амонын, Йӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ, — уӕхӕдӕг дӕр, уӕ цот дӕр ӕмӕ уӕ цоты цот дӕр, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрат.


Мӕн дӕр Дунедарӕг бахизӕд, сымах тыххӕй куынӕуал кувон, уыцы тӕригъӕдӕй! Ӕдзух уын кувдзынӕн ӕмӕ уӕ араздзынӕн хорз ӕмӕ раст фӕндагыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan