Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 34:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом. О Дунедарӕг, тӕрхон мын чи кӕны, уыдонӕн стӕрхон кӕн; мемӕ чи хӕцы, уыдонимӕ рахӕц!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Давиды псалом. О Дунедарӕг, тӕрхон мын чи кӕны, уыдонӕн стӕрхон кӕн; мемӕ чи хӕцы, уыдонимӕ рахӕц!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 34:1
17 Iomraidhean Croise  

Уым йӕ ус Саррӕйы хуыдта йӕ хо. Герары паддзах Авимелех арвыста Саррӕмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта йӕхимӕ.


Ханааны зӕххыл та скодта ӕххормаг рӕстӕг, уый размӕ Авраамы заманы куыд уыди, афтӕ, ӕмӕ Исаак араст ис Герармӕ, филистимаг паддзах Авимелехмӕ.


Къӕвдайау, тыгъдызӕйау ӕрцӕуӕд зӕхмӕ;


Паддзахиуӕг кӕнӕд иу денджызӕй иннӕмӕ, Евфраты донӕй зӕххы кӕрӕттӕм.


Адӕмы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн уый — йӕ ахсӕн хыз, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый — ӕдас.


Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой, зарыдысты Хуыцауы кадӕн, ахӕстытӕ та сӕм хъуыстой.


Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.


Иудадзыг ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй бузныг ут Фыд Хуыцауӕй.


Ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй цыдӕриддӕр аразут, уый уын уӕд Бардарӕг Йесойы номыл ӕмӕ Йӕ фӕрцы арфӕ кӕнут Фыд Хуыцауӕн.


Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг ут Хуыцауӕй. Сымахмӕ, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндджытӕм, Хуыцау уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы.


Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уе ’хсӕн фидардӕр кӕны уарзондзинад.


Мах та сымах тыххӕй, Бардарӕг кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы.


Ахишӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Уый Давид куы у, амы паддзӕхтӕй иу! Ууыл зарыдысты, кафгӕйӕ: „Саул ныццагъта минтӕ, Давид та — дӕсгай минтӕ“?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan