Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 33:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Мӕгуыр лӕг ӕм сдзынӕзта, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, ӕппӕт фыдбылызтӕй йӕ фервӕзын кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Мӕгуыр лӕг ӕм сдзынӕзта, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, ӕппӕт фыдбылызтӕй йӕ фервӕзын кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 33:7
11 Iomraidhean Croise  

Дӕтты сӕрмӕ зиллакк скодта — рухс ӕмӕ тары астӕу.


Мах та — Дӕ адӕм, Дӕ фысты дзуг — кад Дын кӕндзыстӕм ӕнустӕм, стаудзыстӕм Дӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ!


Дӕ раулӕфтӕй хӕрдмӕ фӕцыдысты денджызы уылӕнтӕ, хъен слӕууыдысты сисау, сурзӕхх фестади хуыдым.


дӕттӕн сӕ бон ахизын кӕй сӕрты нӕ уыд, денджызӕн ахӕм арӕн куы скодта, зӕххӕн бындуртӕ куы ӕвӕрдта,


Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.


Дӕ бӕхтыл айгӕрстай Ды денджызы фӕндаг, йӕ уылӕнтӕ йын сызмӕстай.


Дунедарӕджы, ӕппӕт зӕххы Бардарӕджы, Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕн сӕ къӕхтӕ куыддӕр доныл андзӕвой, афтӕ Иорданы дон айсысдзӕн. Йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕудзӕн, къуламады хуызӕн слӕудзӕн».


афтӕ дӕрддзӕф ран (Царетаны фарсмӕ Адамы сахары цур), Иорданӕн йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕууыд, ӕмдзӕхгӕр сис фестади. Дӕлӕрдӕм, Мард денджызмӕ цы дон калди, уый фӕцыдӕр ис, байсыст. Ӕмӕ адӕм доны фаллаг фарсмӕ ахызтысты Йерихоны бакомкоммӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan