Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 33:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Кӕддӕриддӕр кад кӕндзынӕн Дунедарӕгӕн, Йӕ кады кой ӕдзухдӕр уыдзӕни мӕ былалгъыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Кӕддӕриддӕр кад кӕндзынӕн Дунедарӕгӕн, Йӕ кады кой ӕдзухдӕр уыдзӕни мӕ былалгъыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 33:2
16 Iomraidhean Croise  

Давид ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ та Дунедарӕджы раз фыр цинӕй кафыдысты ӕмӕ зарыдысты, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, къӕрцгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цагътой.


Давид левитты хистӕртӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй зарӕггӕнджытӕ сӕвӕрой се ’рвадӕлтӕй, уа сӕм алы цӕгъдӕнтӕ: дыууадӕстӕнонтӕ, хъисфӕндыртӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ дардыл азӕлой цины зарджытӕ.


Афтӕ, цины хъӕртӕ, сыкъауадындзтӕ, хӕтӕлтӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнты къӕрцц-къӕрццимӕ, ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕгас Израил.


Йедутуны фырттӕ: Гедалиа, Цери, Исайа, Шими, Хашавиа ӕмӕ Маттитиа, ӕхсӕз. Разамынд сын лӕвӕрдта сӕ фыд Йедутун, йӕ пехуымпариуӕгӕй ӕмӕ хъисфӕндыры цагъдӕй Дунедарӕгӕн кад ӕмӕ арфӕгӕнӕг.


Ацы зарӕггӕнджытӕ иууылдӕр, сӕ фыдӕлты разамындӕй, зарыдысты Дунедарӕджы хӕдзары, цагътой ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй. Афтӕмӕй, паддзахы разамындӕй лӕггад кодтой Хуыцауы хӕдзары. Асаф, Йедутун ӕмӕ Хеманӕн,


Дунедарӕг дзӕбӕх цӕстӕй кӕсы алкӕмӕ дӕр, Йӕ хорзӕх ӕруадзы Йе ’ппӕт скондтыл.


Кафтӕй Йын стаут Йӕ ном, зарут Ыл далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ.


О Дунедарӕг, дӕтты уынӕр хъуысы, абухынц дӕттӕ, ӕмбухынц ӕрвнӕрдау.


Абухгӕ дӕтты уынӕрӕй, денджызы знӕт уылӕнтӕй тыхджындӕр у Дунедарӕг уӕлӕрвты!


Уӕд пехуымпар Мариам, Аароны хо, йӕ къухмӕ ӕрбайста дала, ӕмӕ йемӕ сӕ далатимӕ кафгӕ рацыдысты ӕппӕт сылгоймӕгтӕ дӕр.


Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс. Ӕз кӕй фехъуыстон, уыцы хъӕлӕс уыди, фӕндырдзӕгъдджытӕ цыма сӕ фӕндыртӕй цагътой, уый хуызӕн.


Куы йӕ райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй йедзаг сыгъзӕрин будсудзӕнтӕ — сыгъдӕджыты куывдтытӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan