Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 33:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Дунедарӕг раст лӕгмӕ ӕркӕсы ӕмӕ йын фехъусы йӕ дзыназын,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Дунедарӕг раст лӕгмӕ ӕркӕсы ӕмӕ йын фехъусы йӕ дзыназын,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 33:16
32 Iomraidhean Croise  

Уӕд та Бен-Хадад ногӕй ӕрбарвыста Ахавмӕ, цӕмӕй йын зӕгъой: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, мӕ фӕдыл цы адӕм рацыд, уыдонмӕ Самарийы пырхӕнтӕй фӕйнӕ армыдзаджы куы ӕрхауа, уӕд».


Ахав фӕсидын кодта бӕстыхицӕутты хотыхдартӕм: уыдон нымадӕй разындысты дыууӕсӕдӕ ӕртын дыууӕ. Ноджы ма фӕсидын кодта Израилы иннӕ хӕстхъом адӕммӕ дӕр: уыдоны нымӕц та уыди авд мины.


Ӕмӕ ныр сымах сфӕнд кодтат Дунедарӕджы паддзахады, Давиды байзӕддӕгтӕн лӕвӕрд чи у, уый ныхмӕ фӕлӕууын. Сымах ӕнӕнымӕц стут, ӕмӕ уӕм ис сыгъзӕрин уӕнгуытӕ, Йоровам уын хуыцӕуттӕ кӕмӕй сарӕзта, уыдон!


О нӕ Хуыцау! Дӕхӕдӕг сын тӕрхонгӕнӕг фӕу! Уымӕн ӕмӕ махмӕ хъару нӕй уыцы ӕнӕнымӕц ӕфсӕдты ныхмӕ ӕрлӕууынӕн. Ницыуал зонӕм нӕ сӕрӕн, Дӕумӕ у нӕ каст!»


Аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕм бабырстой ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой, уый фӕстӕ та сӕ кӕрӕдзийы ныццагътой.


ӕмӕ Дунедарӕг зӕды рарвыста. Уыцы зӕд Ассирийы паддзахӕн йӕ сахъ хӕстонтӕ, йе ’фсады хицӕуттӕ ӕмӕ йӕ фӕтӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагъта. Ӕмӕ паддзах худинаджы гаккимӕ аздӕхти йӕ бӕстӕм. Иуахӕмы йӕ хуыцауы кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд ӕй уым йӕ фырттӕ кардӕй амардтой.


Рӕстудӕй нӕ аздахдзӕн Йе ’ргом, паддзӕхтимӕ йӕ ӕмсӕр скӕндзӕн, мыггагмӕ йӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.


Йе стыр хъаруйӕ дӕхицӕн ныфс бавӕрдзынӕ ӕмӕ йын дӕ куыст йӕ бар бакӕндзынӕ?


Дунедарӕг паддзахӕн йӕ ныфс у, Бӕрзӕндтыл Бадӕджы хорзӕх ӕй ис, ӕмӕ нӕ фӕцуддзӕн.


Ды дӕ ӕппӕт адӕмӕй хуыздӕр, Дӕ дзыхӕй фарн кӕлы, — Хуыцау Дын арфӕ ракодта ӕнусмӕ.


Дон йӕ бынат ссардта ӕмӕ фараоны ӕфсад — уӕрдонӕй, бӕхджынӕй — иууылдӕр аныхъуырдта, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзти.


Ноджы ма иу хъуыддаг федтон зӕххыл: тагъд чи згъоры, уый дугъы уӕлахиз нӕ кӕны; хӕсты, тыхджын чи у, уый нӕ рамбулы; куырыхонтӕм хойраг нӕй, зонджынтӕм — мулк; курдиат кӕмӕ ис, уымӕн аргъ ничи кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр фадат.


Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: «Мах тыхджын стӕм, хӕсты быдыры — ӕхсарджын!»


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куырыхон хъал ма уӕд йӕ зондӕй, тыхджын — тыхӕй, хъӕздыг — йӕ мулкӕй.


Сымах бахуым кодтат тӕригъӕд ӕмӕ ӕркарстат фыддзинад, мӕнгдзинады дыргътӕ хордтат. Уымӕн ӕмӕ уӕхи фӕндыл, уӕ бирӕ хӕстонтыл дардтат уӕ зӕрдӕ.


Цӕрдӕг нӕ алидздзӕн, тыхджынӕн фесӕфдзӕн йӕ хъару, нӕ фервӕздзӕн хъӕбатыр.


Фатӕхсӕг уа, фистӕг уа, бӕхджын — иунӕг дӕр нӕ аирвӕздзӕн.


Гъемӕ мын ратт, уыцы заман мын Дунедарӕг зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕхбӕстӕ. Уӕд ӕй дӕхӕдӕг куы фехъуыстай: цӕрынц дзы Анакы байзӕддӕгтӕ, сӕ сахартӕ стыр сты, алырдыгӕй — бырутӕй ӕхгӕд. Чи зоны, ӕмӕ мын Дунедарӕг ахъаз бакӕна, ӕмӕ сӕ Йӕ дзырдмӕ гӕсгӕ уырдыгӕй фӕсурон».


Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Демӕ ӕгӕр бирӕ адӕм ис, мидианӕгты уын басӕттын нӕ бауадздзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд израилӕгтӕ фестырзӕрдӕ уыдзысты, нӕхи хъарутӕй не знӕгтыл фӕуӕлахиз стӕм, зӕгъгӕ.


Дунедарӕг загъта Гедеонӕн: «Нырма дӕм уӕддӕр бирӕ адӕм ис. Суадоны былмӕ сӕ акӕн ӕмӕ дын уым Мӕхӕдӕг равзардзынӕн хӕстонтӕ. Кӕмӕй дын зӕгъон, уыдон демӕ ацӕудзысты, иннӕтӕ баззайдзысты».


Филистимаг ӕфсадӕй рацыд иу богал, йӕ ном — Голиаф, Гаты сахайраг. Йӕ ас — ӕхсӕз ӕлмӕрины ӕмӕ уылынг.


Иузӕрдионты фӕндаг Йӕ фӕдзӕхст у, фыдгӕнджытӕ та фесӕфдзысты тары, уымӕн ӕмӕ лӕгӕн йӕхи хъомыс ницы у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan