Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 32:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уый денджызы дӕттӕ ’рбамбырд кодта лалымау, ӕнӕбын хуыдымты бафснайдта дон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Уый денджызы дӕттӕ ’рбамбырд кодта лалымау, ӕнӕбын хуыдымты бафснайдта дон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 32:7
18 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд Давид Дунедарӕджы кадӕн скодта ацы зарӕг.


О Хуыцау, ног зарӕг азардзынӕн Дӕ кадӕн, ӕрцӕгъддзынӕн Дын дӕстӕнонӕй!


афтӕмӕй ӕппӕт зӕххыл азӕлы сӕ хъӕлӕс, дунейы иу кӕронӕй иннӕмӕ айхъуысти сӕ ныхас. Уый хурӕн цатыр сӕвӕрдта уӕлӕрвты,


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы архайдмӕ, Йе ’рмдзӕфмӕ сӕ хъус нӕ дарынц. Уый сӕ ныззыгуым кӕндзӕн, сӕхиуыл схӕцын сӕ нал бауадздзӕн.


Дунедарӕг фехалы адӕмты уынаффӕтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ӕрбайсафы.


Дунедарӕг ӕй бахъахъхъӕндзӕн, мӕлӕтӕй йӕ бахиздзӕн, цардамонд ын схай кӕндзӕн, знаджы къухтӕм ӕй нӕ ратдзӕн.


Ӕмӕ уӕд ныццин кӕндзысты, Ды йӕ хъахъхъӕнӕг кӕмӕн дӕ, уыдон се ’ппӕт дӕр, фыр цинӕй зардзысты ӕнустӕм, сӕ сӕрхъуызой Ды кӕй дӕ, ууыл. Дӕ ном чи уарзы, уыдонӕн сӕ цины сӕр Ды дӕ.


Уый дунейӕн тӕрхон кӕндзӕни ӕнӕхӕрамӕй, адӕмтӕн рахӕсдзӕни раст тӕрхон.


Псалом. Сабатбоны зарӕг.


Дунедарӕг у Паддзах, ӕмризӕджы ризӕнт адӕмтӕ! Уый ӕнцайы херувимтыл; уадз ӕмӕ ӕнкъуыса зӕхх!


Паддзах йӕ фырт Йерахмеел ӕмӕ Азриелы фырт Серайӕн, стӕй Авдиелы фырт Шелемийӕн бардзырд радта, цӕмӕй пехуымпар Йеремиа ӕмӕ нымӕрдар Барухы ӕрцахсой, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг бамбӕхста.


уымӕн ӕмӕ сымах ацы дунейӕн амардыстут, ӕмӕ ныр уӕ цард ис Хуыцауы къухы, Чырыстиимӕ.


ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Паддзахы бадӕны Чи бады, нӕ уыцы Хуыцаумӕ ӕмӕ Уӕрыкмӕ — ирвӕзындзинад!»


Уыцы бон Деворӕ Авиноамы фырт Баракимӕ зарыдысты ахӕм уӕлахизы зарӕг:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan