Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 30:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Сусӕгӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хыз сӕвӕрдтой — фервӕзын мӕ кӕн! Ды — мӕ фидар мӕсыг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Сусӕгӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хыз сӕвӕрдтой — фервӕзын мӕ кӕн! Ды — мӕ фидар мӕсыг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 30:5
28 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ мӕнӕ Йаков иунӕгӕй аззади. Уӕд Чидӕр йемӕ хъӕбысӕй хӕцын райдыдта, фӕхӕцыдысты суанг сӕуӕхсиды фӕзындмӕ.


Мӕргътӕ сыл ахстӕттӕ кӕнынц, нӕзытыл ӕрбынат кӕнынц къадзтӕ.


Ды уыдонӕн арӕнтӕ скодтай ӕмӕ сын нӕй ахизӕн сӕ сӕрты, цӕмӕй зӕхх мауал фӕдӕлдон кӕной.


Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы мӕнг ныхас, сӕ рахиз къух мӕнгарддзинадӕй — йедзаг.


О Сион! Дунедарӕг, дӕ Хуыцау паддзахиуӕг кӕндзӕни мыггагӕй мыггагмӕ, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ. Алелуйа!


Мӕ фӕдыл зылдысты, ӕмӕ сӕ къӕппӕджы бахаудтӕн, сӕ цӕстытӕ мӕм ныззынг кодтой — хъуамӕ мӕ афӕлдахой зӕххыл.


Йӕхӕдӕг нын равзӕрста фыдӕй-фыртмӕйы исбон — Йӕ уарзон Йаков хъал кӕмӕй у, уыцы бынтӕ.


Ризӕг сыл бахӕцыди, скатай сты арӕг сылгоймагау,


мӕнгард лӕгты фыдвӕндтӕй, фыдгӕнджыты фыдракӕндтӕй мӕ бахъахъхъӕн.


Ноджыдӕр ма загъта Хуыцау Моисейӕн: «Зӕгъ-иу израилӕгтӕн, кӕй дӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау. Гъе уый уын Мӕ ном мыггагмӕ — фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Мӕм цӕмӕй уыцы номӕй куват.


Уыцы бон ды зӕгъдзынӕ: «Стауын дӕ, Дунедарӕг! Мӕсты мӕм уыдтӕ, фӕлӕ ныр ссыди Дӕ маст, басабыр мӕ кодтай.


Уӕ мӕ адӕм! Уӕ хӕдзӕрттӕм бахизут, уӕ дуӕрттӕ сӕхгӕнут ӕмӕ афтӕмӕй, цалынмӕ Хуыцауы азар аивгъуыйа, уӕдмӕ уӕхи бафӕсвӕд кӕнут.


Уӕдӕ нӕ уд хъарӕм, Дунедарӕджы базонынмӕ тырнӕм: Уый нӕм раргом уыдзӕн сӕуӕхсидау, фӕзындзӕн нӕм къӕвдайау, зӕххӕн йӕ дойны суадздзӕни тӕрккъӕвдайау».


Тӕхудиаг сты кӕуджытӕ — Хуыцау сӕ барӕвдаудзӕн.


Нӕ уӕлӕнгай хъизӕмӕрттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сты — уыдон махӕн ӕрхӕсдзысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, мыггагмӕйы ахӕм стыр кад.


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan