Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 30:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар гӕнах, размӕ мӕ кӕн Дӕ номы сӕраппонд, раст фӕндагыл мӕ сараз.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар гӕнах, размӕ мӕ кӕн Дӕ номы сӕраппонд, раст фӕндагыл мӕ сараз.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 30:4
16 Iomraidhean Croise  

Давид Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз левиттӕй баурӕдта лӕггадгӕнджытӕ, цӕмӕй кувой Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, кӕной Йын арфӕ ӕмӕ кад.


Уый Йӕ адӕмӕн радта уӕлахиз, скадджын кодта Йе ’ппӕт сыгъдӕджыты — Израилы байзӕддаджы, ӕввахс Ӕм чи у, уыцы адӕмы. Алелуйа!


Давиды псалом. Скад кӕнут Дунедарӕгӕн, Хуыцауы фырттӕ, Дунедарӕджы кад ӕмӕ хъомыс сыстаут!


Дунедарӕджы уынаффӕ та — ӕнустӕм, Йӕ зӕрдӕйы фӕндон — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.


Сӕттын мӕ рӕдыдыл, мӕ тӕригъӕд ӕдзух — мӕ разы.


Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕу хуызӕн чи у? Чи у, Дӕуау, хъомысджын ӕмӕ уаз? Тас ӕфтауы Дӕ кад, о, диссӕгтӕ фӕлдисӕг!


Кӕрӕдзимӕ хъӕр кодтой: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг уаз у! Ӕгас зӕхх — йемыдзаг Йӕ кадӕй!»


Цыппар уӕларвон удгоймагӕй алкӕмӕн дӕр уыди фӕйнӕ ӕхсӕз базыры; алырдыгӕй дӕр ӕмӕ сӕ базырты бын дӕр уыди бирӕ цӕстытӕ. Уыдон ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕрынцайгӕйӕ дзурынц: Уаз у, уаз у, уаз у Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, «Чи уыд, Чи ис ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый!»


Дунедарӕг амары ӕмӕ райгас кӕны, Мӕрдтыбӕстӕм барвиты ӕмӕ фӕстӕмӕ ракӕны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan