Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 30:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 30:1
24 Iomraidhean Croise  

Паддзах Давид Йерусалиммӕ йӕ галуанмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд, хӕдзаргӕс кӕй ныууагъта, йӕ уыцы дӕс номылусы ӕрцӕрын кодта, хъахъхъӕнджытӕ сын кӕм уыд, ахӕм хӕдзары. Хъуаг сӕ ницӕмӕй уагъта, фӕлӕ сӕм цӕугӕ нӕ кодта. Ӕмӕ уыдон идӕдз устытау, ӕхгӕд цард кӕнгӕйӕ, цардысты уым сӕ амӕлӕты онг.


Дунедарӕгӕн уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кодта бӕстӕйӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ Хуыцауы фыд азарӕй фервӕзтысты.


Тиры паддзах Хирам Давидмӕ йӕ минӕвӕртты ӕрбарвыста, семӕ — кедр хъӕдӕрмӕг, ноджы — дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, ӕмӕ Давидӕн галуан сарӕзтой.


Давид сӕхимӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ӕй фӕндыди йӕхи хӕдзарӕн дӕр арфӕ ракӕнын. Саулы чызг Мелхолӕ йӕ размӕ рауад ӕмӕ загъта: «Куыд фесгуыхти абон Израилы паддзах! Ӕдылыйау йӕ цагъарты унӕутты раз йӕхи куыд сбӕгънӕг кодта!»


Ӕмӕ иуахӕмы паддзах пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Хуыцауы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы».


Ӕцӕг, Йоав уыдоны хыгъдмӕ нӕ бахаста левитты ӕмӕ Бениамины мыггаг, уымӕн ӕмӕ паддзахы фӕдзӕхст йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыди.


Ау, не ’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ, мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны ӕмӕ Дунедарӕджы чи нӕ агуры, уыдон?


О Дунедарӕг Хуыцау, ӕрмӕстдӕр Дӕумӕ у мӕ каст, мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл: ма мӕ фесаф!


Алелуйа! Ӕппӕл, мӕ уд, Дунедарӕгӕй!


О Дунедарӕг, бафӕлвар мӕ, мӕ зӕрдӕйы сусӕгтӕ мын басгар!


Арфӕгонд у Дунедарӕг — Уый мын фехъуыста мӕ куывд.


Дунедарӕджы хъӕлӕсӕй тулдз бӕлӕстӕ ӕртасынц, сбӕгънӕг вӕййынц хъӕдтӕ; Йӕ Кувӕндонӕй хъуысы: «Кад Дын уӕд!»


Уӕнгсастау дӕн, ӕмӕ мыл мӕ фыдгултӕ худынц: «Кӕм ис дӕ Хуыцау?»


Йӕ алыварс мӕрмӕ йын базылдтӕ, ӕмӕ уый ауагъта йӕ уидӕгтӕ, йӕ талатӕ ӕгас бӕстӕйы суагъта.


О Хуыцау, сног нын кӕн нӕ тых, Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис, ӕмӕ фервӕздзыстӕм.


Фӕндаггон фыр дисӕй ныкъкъӕрцц кӕндзӕнис йе ’рмттӕ, ныкъкъуыззит кӕндзӕн, банкъусдзӕн йӕ сӕр ӕмӕ зӕгъдзӕн Йерусалимӕй: «Алӕмӕты рӕсугъд сахар дӕу хуыдтой? Ӕгас дунейы циндзинад ды уыдтӕ?»


Уагдартӕ та зӕгъӕнт хӕстонтӕн: „Кӕд уӕ исчи хӕдзар сарӕзта, фӕлӕ дзы нӕма ӕрцардис, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕд — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йӕ хӕдзары ӕндӕр исчи куы ӕрцӕра.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan