Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 28:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Скад кӕнут Дунедарӕджы номӕн, Дунедарӕгӕн бакувут Йӕ диссаджы рӕсугъд Кувӕндоны!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Скад кӕнут Дунедарӕджы номӕн, Дунедарӕгӕн бакувут Йӕ диссаджы рӕсугъд Кувӕндоны!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 28:2
21 Iomraidhean Croise  

Рухсмонуат Соломон уый тыххӕй скодта, цӕмӕй дзы Дунедарӕджы Фидыды Чырын сӕвӕра.


Кувӕндон ӕмӕ Рухсмонуаты алыварс быруйӕн йе ’мкъул скодта ӕфтуанагъуыст фӕрссаг хатӕнтимӕ.


уӕд-иу Дӕ адӕмӕй, Израилӕй, искӕмӕн йӕ зӕрдӕ фыдохы азарӕй ныррызти ӕмӕ Дӕм, ацы Кувӕндонмӕ йӕ къухтӕ ныттындзгӕйӕ, скуывта, балӕгъстӕ Дын кодта, зӕгъгӕ —


Соломон ӕрхуы уӕзӕг сарӕзта, дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр фӕйнӕ фондз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины, ӕмӕ йӕ кӕрты астӕу сӕвӕрдта. Ныр ӕм схызт, Израилы ӕппӕт дзыллӕйы раз ӕрзоныг кодта, йӕ къухтӕ уӕларвмӕ сивӕзта


Йӕ хоры нӕмыг цӕссыгкалгӕйӕ чи байтыдта, уыдон цины зарджытимӕ исдзысты сӕ тыллӕг!


Мады риуӕй иртӕст сабийау мӕ удӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтон, сабыр ӕй кодтон, цыма мӕ уд мады риуӕй иртӕст саби уыди, уыйау.


Дунедарӕджы хӕдзары, нӕ Хуыцауы кӕртыты лӕггад чи кӕны, уыдон!


Ды зоныс, ӕз кӕд ӕрбадын, кӕд сыстын, Ды дардмӕ дӕр мӕ хъуыдытӕ ӕмбарыс.


Сӕ тӕрхоны лӕгтӕ къӕдзӕхтӕй ӕппӕрст ӕрцӕудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, мӕ ныхӕстӕ раст кӕй уыдысты, уый.


Давиды зондамонӕн псалом. Йӕ куывд, лӕгӕты куы уыдис, уӕд. Дунедарӕгмӕ фӕдисхъӕр кӕнын, Дунедарӕгмӕ кувын хъӕрӕй.


Мӕ хъӕстытӕ фӕкодтон Йӕ разы, мӕ хъизӕмар Ын раргом кодтон.


Мӕ фыдгултыл мын ныффалгӕрон кӕн арвӕрттывдтӕй, лидзӕг сӕ фӕкӕн Дӕ фаттӕй.


Фӕлитойты бабын кӕндзынӕ Ды, марӕг ӕмӕ мӕнгардыл Дунедарӕг ӕлгъ кӕны.


Се ’взӕгтӕ карды комау сцыргъ кодтой, суагътой сӕ фаттӕ — маргӕйдзаг ныхӕстӕ,


Ӕрвылӕхсӕв-иу сыст ӕмӕ дзыназ, — уадз, Дунедарӕг фена, дӕ сау цӕссыг куыд згъалыс, куыд кӕуыс! Дӕ къухтӕ Йӕм лӕгъстӕгӕнгӕйӕ иваз дӕ сабиты сӕраппонд! Уӕ, алы тигътыл ӕххормагӕй куы мӕлынц!


Кӕд Даниил паддзахы бардзырд зыдта, уӕддӕр-иу йӕ хӕдзары уӕллаг уатмӕ ссыди; йӕ уаты рудзгуытӕ арӕзт уыдысты Йерусалимы ’рдӕм. Бон ӕртӕ хатты-иу йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ раздӕрау куывта ӕмӕ арфӕ кодта йӕ Хуыцауӕн.


Иуахӕмы паддзахы барджынтӕ Даниилы йӕ зонгуытыл кувгӕйӕ баййӕфтой.


Мӕн фӕнды, цӕмӕй алы ран дӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕ къухтӕ дарой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йӕм кувой, сӕ зӕрдӕты фыдӕх ӕмӕ гуырысхо куыд нӕ уа, афтӕмӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan