Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 27:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом. Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх! Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз! Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай, уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Давиды псалом. Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх! Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз! Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай, уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 27:1
45 Iomraidhean Croise  

Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ; ныллӕг хъӕлӕсӕй. Давиды псалом.


Ды ӕрцахуыр кодтай сӕрыстырты. Ды ралгъыстай, Дӕ фӕдзӕхстытыл йӕ къух чи ауыгъта, уыдоны.


Уӕд ӕз къӕмдзӕстыг нӕ уаин, Де ’ппӕт фӕдзӕхстытӕм кӕсгӕйӕ.


Рахӕц мӕ сӕрыл, Дунедарӕг! Фервӕзын мӕ кӕн, мӕ Хуыцау! Мӕ фыдгултӕн се ’фсӕртӕ ныссӕтт, базгъал фыдгӕнджытӕн сӕ дӕндӕгтӕ!


О Хуыцау, мах нӕ фыдӕлтӕй фехъуыстам нӕхи хъустӕй, раджы заманы, сӕ рӕстӕджы, Ды цы хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, уыдоны кой.


О Хуыцау! Ды мӕ Хуыцау дӕ, сӕумӕйӕ Дӕм тырнын. Дӕумӕ бӕллы мӕ уд, ӕнӕдон, хус ӕдзӕрӕг быдыры, Дӕу мысгӕйӕ, ӕз баруайын.


Мӕ уд цыма сойӕфсӕст у, уыйау райгӕйӕ Дӕ стауы ме ’взаг.


Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.


Дунедарӕг мӕ хъомыс, мӕ хъару, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг у. Уый мӕ Хуыцау у, ӕмӕ Йын кад кӕндзынӕн, Уый — мӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕмӕ Йӕ стаудзынӕн!


Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»


Йаковы хӕдзарвӕндаг! Ӕрбацӕут, ӕмӕ Дунедарӕджы рухсы цӕрӕм!


Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.


Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.


Фӕлӕ Дунедарӕг тыхджын ӕфсӕддонау мемӕ ис ӕдзухдӕр. Уымӕ гӕсгӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕкӕлдзысты, нӕ мыл фӕуӕлахиз уыдзысты. Худинаджы бын фӕуыдзысты, цӕмӕ бӕллынц, уый сӕ къухы нӕ бафтдзӕн, сӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.


Сымахыл та, Мӕ номӕн кад чи кӕны, уыдоныл, скӕсдзӕни рӕстдзинады хур. Йӕ тынтӕ ӕвдадзы хос сты, ӕмӕ, фосдонӕй ӕддӕмӕ кӕй рауагътой, уыцы хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут.


Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


мӕхи цӕстӕй федтон Дӕ Ирвӕзынгӕнӕджы,


Уӕд алы адӕймаг дӕр фендзӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд ирвӕзындзинад“».


Уыцы Рухс уыди ӕцӕг, дунемӕ ӕрцӕуджытӕй алкӕй дӕр Чи срухс кӕны, ахӕм.


Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».


Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у?


фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ.


фӕлӕ сӕ ма фӕтӕрсут. Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фараонӕн ӕмӕ ӕгас Мысырӕн цытӕ бакодта, уый,


Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, стыр ӕмӕ карз Хуыцау, уемӕ ис.


Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.


Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй зӕгъӕм: «Бардарӕг мын у ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?»


Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы кад, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн.


Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Бардарӕг Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.


ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Паддзахы бадӕны Чи бады, нӕ уыцы Хуыцаумӕ ӕмӕ Уӕрыкмӕ — ирвӕзындзинад!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan