Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 26:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Мӕ зӕрдыл ӕдзухдӕр лӕууы Дӕ фӕдзӕхст: «Ме ссарынмӕ тырнут!» Ӕмӕ ӕз ӕдзухдӕр тырнын Дӕумӕ, о Дунедарӕг!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Мӕ зӕрдыл ӕдзухдӕр лӕууы Дӕ фӕдзӕхст: «Ме ссарынмӕ тырнут!» Ӕмӕ ӕз ӕдзухдӕр тырнын Дӕумӕ, о Дунедарӕг!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 26:8
22 Iomraidhean Croise  

Паддзах Цадокӕн загъта: «Хуыцауы Фидыды Чырын фӕстӕмӕ сахармӕ ахӕсс. Йӕ хорзӕхы аккаг мӕ куы скӕна Дунедарӕг, уӕд мӕ фӕстӕмӕ раздахдзӕн ӕмӕ мын фенын кӕндзӕн Фидыды Чырын дӕр ӕмӕ, Чырын кӕм лӕууы, уыцы бынат дӕр.


Ис ма мӕм мӕхи сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дӕр, ӕмӕ мӕ Хуыцауы хӕдзар кӕй уарзын, уый тыххӕй сӕ дӕттын, ацы сыгъдӕг хӕдзарӕн цы ӕрцӕттӕ кодтон, ӕппӕт уыдӕтты уӕле:


Сауджынтӕн сӕ бон нал уыди сӕ уаз лӕггад дарддӕр хӕссын, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар байдзаг ис Дунедарӕджы кадӕй.


Соломон куывд куы фӕци, уӕд арвӕй арт ӕрцыди ӕмӕ аныхъуырдта иууылсудзинаг дӕр ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ дӕр. Кувӕндон байдзаг ис Дунедарӕджы кадӕй.


Сауджынтӕн сӕ бон нӕ уыди Кувӕндонмӕ бацӕуын, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы кадӕй дзаг уыди.


Ӕз бацӕудзынӕн Хуыцауы нывондхӕссӕнмӕ, Хуыцаумӕ — мӕ циндзинады суадонмӕ, стаудзынӕн Дӕ хъисфӕндыры цагъдӕй, о Хуыцау, мӕ Хуыцау!


Чи Дзы тӕрсы, уыдоны рӕхджы фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ бӕстӕйы Хуыцауы кад ӕрцӕрдзӕн.


Дунедарӕг мӕ фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ, цалынмӕ цӕрӕм, уӕдмӕ хъисфӕндыртӕй цӕгъддзыстӕм Йӕ Кувӕндоны».


Езекиа бафарста: «Цӕмӕй базондзынӕн, ногӕй та Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацӕуын мӕ бон суыдзӕн, уый?»


Уд мӕ систа, ӕмӕ ӕз мӕ фӕсчъылдымӕй фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс: «Дунедарӕджы кад арфӕгонд у Йӕ ӕрвон цӕрӕны!»


Ӕртӕ боны фӕстӕ Йӕ Кувӕндоны ссардтой. Йесо бадтис ахуыргӕнджыты ӕхсӕн, хъуыста сӕм ӕмӕ сӕ алцӕмӕйты фарста.


Йесо сын загъта: «Ӕмӕ Мӕ цӕмӕн агуырдтат? Нӕ йӕ зыдтат, Ӕз Мӕ Фыды хӕдзары кӕй хъуамӕ уон, уый?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan