Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 25:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕз сайӕгойтимӕ ӕмдзӕхдон никуы уыдзынӕн, мӕнгӕрдтимӕ иу фӕндагыл нӕ ацӕудзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Ӕз сайӕгойтимӕ ӕмдзӕхдон никуы уыдзынӕн, мӕнгӕрдтимӕ иу фӕндагыл нӕ ацӕудзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 25:4
11 Iomraidhean Croise  

уӕд-иу уӕларвӕй фехъус Дӕ лӕггадгӕнджыты, Израилы адӕмы, ӕмӕ-иу сын ныббар сӕ азым, раст фӕндагыл-иу сӕ сараз, фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн сын цы зӕхх радтай, ууыл та-иу къӕвдайы ’ртах ӕруадз!


Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы мӕнг ныхас, сӕ рахиз къух мӕнгарддзинадӕй — йедзаг.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: удӕфонты цагъдимӕ. Давиды псалом.


Ӕз та Де стыр хорзӕхы фӕрцы бацӕудзынӕн Дӕ Хӕдзармӕ, Дӕ Кувӕндоны, аргъуыцгӕнгӕ, бакувдзынӕн.


Гъемӕ кӕд афтӕ у, уӕд мын бацамон Дӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Дӕ базонон ӕмӕ Дӕуӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кӕнон. Мӕнӕ ацы адӕм дӕр Дӕу адӕм куы сты!»


Ӕз цӕуын раст фӕндагыл, раст тӕрхоны къахвӕндӕгтыл,


Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ. Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм». Афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй, рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Фӕндаг кӕм акъабуз ис, уыцы ран ӕрлӕуут ӕмӕ акӕсут уӕ алыварс. Рагон фӕндӕгты тыххӕй, раст фӕндаг кӕм ис, уымӕй ӕрфӕрсут ӕмӕ уыцы фӕндагыл цӕут, уӕд ӕнцой ссардзысты уӕ удтӕ. Фӕлӕ уыдон дзуапп лӕвӕрдтой: „Нӕ цӕудзыстӕм“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan