Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 25:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дӕ хорзӕх мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр, ӕмӕ цӕрын Де ’цӕгадмӕ гӕсгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 Дӕ хорзӕх мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр, ӕмӕ цӕрын Де ’цӕгадмӕ гӕсгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 25:3
32 Iomraidhean Croise  

Зевулон! Ӕввахс ӕрцӕрдзӕни фурдмӕ, ӕмӕ йӕ бӕстӕ наулӕууӕн суыдзӕн. Йӕ арӕнтӕ ӕххӕсдзысты Сидонмӕ.


Афтӕ фӕмард ис Саул, Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй нӕ разынд, уый тыххӕй. Йӕ дзырдмӕ Йын нӕ байхъуыста, суанг ма бафарста мӕрдтӕмсидӕджы дӕр,


Уыцы бон Дӕ адӕм ӕмвӕндӕй тохмӕ рацӕудзысты Демӕ. Сӕуӕхсидӕй Дӕ райгуырын кодтон сӕууон ӕртӕхау.


Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, адӕм нӕ ныхмӕ куы сыстадысты —


Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ Дӕ фарн ӕмӕ Дӕ хорзӕх мемӕ уӕнт, ӕмӕ уӕд бирӕ бонтӕ арвитдзынӕн Дунедарӕджы хӕдзары.


Раст адӕймаг бирӕ зындзинӕдтӕ бавзары, фӕлӕ йӕ Дунедарӕг се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны.


Дунедарӕг мын фехъуыста мӕ курдиат, Дунедарӕг мын айсдзӕни мӕ куывд!


Давиды псалом. Иудейы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыди, уӕд.


Цӕрӕнбонты Дын арфӕ кӕндзынӕн, хӕрдмӕ мӕ къухтӕ сдардзынӕн Дӕ номыл.


Чи мыл феради, афтӕ йын хъӕуы, зӕгъгӕ, уыдон ӕгадӕй сӕхи фӕстӕмӕ айсӕнт.


Мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн ӕз, о Хуыцау, фӕтагъд мӕм кӕн ӕххуысмӕ! Ды — ме ’ххуысгӕнӕг, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг; Дунедарӕг, фӕстиат ма фӕкӕн!


Фӕтӕригъӕд кӕндзӕн мӕгуырӕн, мӕгуыр адӕмы фервӕзын кӕндзӕни,


Уыцы бон дзурдзысты: «Уый нӕ Хуыцау у! Нӕ зӕрдӕ Йыл дардтам, ӕмӕ нӕ фервӕзын кодта! Уый Дунедарӕг у, Ууыл дардтам нӕ зӕрдӕ! Уӕдӕ цин кӕнӕм, цины зарӕг сисӕм, уымӕн ӕмӕ фервӕзтыстӕм!»


Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.


Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».


Фӕлӕ Дунедарӕг тыхджын ӕфсӕддонау мемӕ ис ӕдзухдӕр. Уымӕ гӕсгӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕкӕлдзысты, нӕ мыл фӕуӕлахиз уыдзысты. Худинаджы бын фӕуыдзысты, цӕмӕ бӕллынц, уый сӕ къухы нӕ бафтдзӕн, сӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.


Дунедарӕг кӕмӕн у йӕ ныфс, кӕй йӕ фервӕзын кӕндзӕн, ууыл ӕмырӕй чи дары йӕ зӕрдӕ, Йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн уый!


Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дардзынӕн, Хуыцау мӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн.


Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.


Фӕлӕ цы нӕма федтам, ууыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фӕразонӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan