Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 21:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Мӕ Хуыцау, хъӕрахст Дӕм кӕнын бонӕй, фӕлӕ мӕ нӕ хъусыс; ӕхсӕв дӕр ӕрдиаг кӕнын, фӕлӕ мӕ сабыргӕнӕг нӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 Мӕ Хуыцау, хъӕрахст Дӕм кӕнын бонӕй, фӕлӕ мӕ нӕ хъусыс; ӕхсӕв дӕр ӕрдиаг кӕнын, фӕлӕ мӕ сабыргӕнӕг нӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 21:3
16 Iomraidhean Croise  

Сӕ паддзахы сӕрӕй сын, ӕрмӕст йӕ сыгъзӕрин дӕр иу таланты уӕзӕн кӕмӕн уыд, йӕ уыцы налхъуыт-налмасӕй фӕлыст кады худ фелвӕста ӕмӕ йӕ йӕхи сӕрыл ӕркодта. Сахарӕй тынг бирӕ ӕфтиаг рахаста.


Иудейӕгтӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Давиды Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн паддзахӕй байсӕрстой. Давидӕн рахабар чындӕуыди, галаадаг Иавешы цӕрджытӕ Саулы мард бавӕрдтой, зӕгъгӕ.


Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой.


Давид сын сӕ паддзахы сӕрӕй, ӕрмӕст йӕ сыгъзӕрин дӕр иу таланты уӕзӕн кӕмӕн уыд, йӕ уыцы налхъуыт-налмасӕй фӕлыст кады худ фелвӕста ӕмӕ йӕ йӕхи сӕрыл ӕркодта. Сахарӕй тынг бирӕ ӕфтиаг рахаста.


О Дунедарӕг Хуыцау, уӕдӕ ӕрцу Дӕ цӕрӕнмӕ — Ды ӕмӕ Дӕ хъомысджын Фидыды Чырын! Дӕ сауджынтӕ, о Дунедарӕг Хуыцау, ирвӕзындзинадӕй сӕхи дарӕсау сфӕлындӕд, Дӕ иузӕрдион адӕм цин кӕнӕнт Дӕ хорзӕхтыл!


йӕ комӕй арт бырсы, зынджы стъӕлфӕнтӕ дзы хауы;


Уый Дӕуӕй куырдта цард, ӕмӕ йын Ды бирӕ цӕрӕнбон радтай ӕнусмӕ.


Моав — Мӕ хихсӕн тас. Мӕ дзабыр аппардзынӕн Едомыл, филистимӕгты зӕххыл айзӕлдзӕни Мӕ цины хъӕр!»


Кӕнӕ Хуыцауӕн чи цы радта, цӕмӕй йын ӕй Хуыцау фӕстӕмӕ бафида?»


Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у ӕмӕ дӕ Йе ’нӕкӕрон зӕрдӕхӕларӕй ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?


Арфӕгонд уӕд Хуыцау, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыд, Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы махӕн монон лӕвӕрттӕ ӕххӕстӕй уӕлӕрвты Чи саккаг кодта!


Фӕлӕ уынӕм, ӕрмӕст цыбыр рӕстӕгмӕ зӕдтӕй дӕлдӕр ӕвӕрд кӕй ӕрцыди Йесо, уый фӕстӕ та кад ӕмӕ намысӕй схайджын ис. Хуыцау мах Йе стыр хорзӕхы аккаг кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Уый махӕй алкӕй сӕраппонд дӕр мӕлӕт бавзӕрста.


Барӕджы цӕстытӕ сты пиллон арты ӕнгӕс, Йӕ сӕрыл — бирӕ кады худтӕ. Йӕ уӕлӕ фыст ис, ӕрмӕстдӕр Йӕхӕдӕг кӕй зоны, уыцы ном.


Самуел сойы сыкъа райста ӕмӕ Давиды йе ’фсымӕрты раз байсӕрста. Уыйадыл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Давидыл ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уыди йемӕ. Самуел та аздӕхти Рамамӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan