Псаломтӕ 20:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст8 Дунедарӕг паддзахӕн йӕ ныфс у, Бӕрзӕндтыл Бадӕджы хорзӕх ӕй ис, ӕмӕ нӕ фӕцуддзӕн. Faic an caibideilОсетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета8 Дунедарӕг паддзахӕн йӕ ныфс у, Бӕрзӕндтыл Бадӕджы хорзӕх ӕй ис, ӕмӕ нӕ фӕцуддзӕн. Faic an caibideil |
Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скуывта: «О Дунедарӕг! Дӕу йеддӕмӕ чи баххуыс кӕндзӕн ӕдыхӕн, цӕмӕй хъомысджыны ныхмӕ фӕлӕууа! О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Баххуыс нын кӕн уӕдӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм, Дӕ номы сӕраппонд рацыдыстӕм ацы стыр ӕфсады ныхмӕ. О Дунедарӕг! Ды нӕ Хуыцау дӕ! Адӕймаджы Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын ма бауадз!»
Ӕз мӕ сӕрмӕ уый не ’рхастон, ӕмӕ паддзахӕй ракурон, цӕмӕй нын немӕ, фӕндагыл нӕ фыдгултӕй бахизыны тыххӕй, хъахъхъӕнджытӕ рарвита. Уымӕн ӕмӕ, паддзахимӕ куы дзырдтам, уӕд ын нӕ ныхас уыди: нӕ Хуыцауыл йӕхи чи фӕдзӕхсы, уыдоныл Уый Йӕ хӕрзаудӕг арм дары, йӕхи Йыл чи атигъ кӕны, уыдоны та Йӕ азары хай бакӕны.