Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 20:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Арфӕгонд у Дӕуӕй ӕнусмӕ, Дӕ цӕсгомы рухсӕй райы йӕ зӕрдӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Арфӕгонд у Дӕуӕй ӕнусмӕ, Дӕ цӕсгомы рухсӕй райы йӕ зӕрдӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 20:7
17 Iomraidhean Croise  

Израилӕгтӕ арамейӕгты лидзӕг фӕкодтой. Давид сын сӕ бӕхтӕрджытӕй авд фондзыссӕдзы амардта, сӕ бӕхджынтӕй — дыууиссӕдз мины. Се ’фсады хицау Шовахы дӕр мӕлӕтдзаг цӕф фӕкодта, ӕмӕ уыцы ран амард.


Давид ын йӕ бӕхджынтӕй иу мин ӕмӕ авдсӕдӕ лӕджы райста уацары, йӕ фистӕг ӕфсадӕй — ссӕдз мины. Сӕдӕ тохуӕрдоны ӕд бӕхтӕ йӕхицӕн ныууагъта, иннӕ бӕхтӕн та се счъилты нуӕрттӕ адзӕнгӕл кодта.


Израилӕгтӕ лидзӕг фесты, фӕлӕ сӕ Хуыцау иудейӕгты къухтӕм радта.


Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скуывта: «О Дунедарӕг! Дӕу йеддӕмӕ чи баххуыс кӕндзӕн ӕдыхӕн, цӕмӕй хъомысджыны ныхмӕ фӕлӕууа! О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Баххуыс нын кӕн уӕдӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм, Дӕ номы сӕраппонд рацыдыстӕм ацы стыр ӕфсады ныхмӕ. О Дунедарӕг! Ды нӕ Хуыцау дӕ! Адӕймаджы Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын ма бауадз!»


Ассирийы паддзахӕн йӕ хъомыс у адӕймаджы хъомыс, махӕн та немӕ ис Дунедарӕг, нӕ Хуыцау. Уый нын ӕххуысгӕнӕг уыдзӕн ӕмӕ нӕ сӕрвӕлтау тох кӕндзӕни». Иудейаг паддзах Езекиайы ныхас адӕмы зӕрдӕты стыр ныфс бауагъта.


Йе стыр хъаруйӕ дӕхицӕн ныфс бавӕрдзынӕ ӕмӕ йын дӕ куыст йӕ бар бакӕндзынӕ?


Дунедарӕджы хъӕлӕсӕй ӕдзӕрӕг быдыр нынкъуысыд, сӕнкъуысти ӕдзӕрӕг быдыр Кадеш.


Тохы бонмӕ бӕх ӕрцӕттӕ кӕнынц, фӕлӕ уӕлахиз Дунедарӕг ратты.


ӕмӕ дзурут, зӕгъгӕ, бӕхтыл алидздзыстӕм. Уӕдӕ алидздзыстут ӕцӕгдӕр! Дзурут, зӕгъгӕ, фӕтары уыдзыстӕм дугъон бӕхтыл. Гъемӕ уӕ фӕсте чи асура, уыдон уӕ баййафдзысты.


Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Адӕймагыл йӕ зӕрдӕ чи дары, ныфсджын дзы чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕй дард кӕмӕн у, уый ӕлгъыст у.


Филистимӕгтӕ растадысты Израилы ныхмӕ схӕцынмӕ. Уыди сӕм ӕртӕ мин тохуӕрдоны, ӕхсӕз мин бӕхджын ӕфсӕддоны ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц фистӕг ӕфсад. Ӕрбацыдысты ӕмӕ Бет-Авенӕй скӕсӕнӕрдӕм, Михмасы цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.


Дунедарӕг ныссӕрфдзӕн Йӕ фыдгулты, уӕлӕрвтӕй сыл ныннӕрдзӕн. Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг у зӕххы цъарӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. Уый Йӕ паддзахӕн йӕ тыхыл ӕфтауы, Йӕ байсӕрстӕн Уый хъомыс дӕтты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan