Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 2:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Йӕ паддзахы бадӕн арв Кӕмӕн у, Уый сыл худы, худӕгӕй сыл мӕлы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Йӕ паддзахы бадӕн арв Кӕмӕн у, Уый сыл худы, худӕгӕй сыл мӕлы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 2:4
13 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ цы зӕгъы Дунедарӕг уый тыххӕй: «Ӕлгъ дыл кӕны, худы дыл Сионы чызг. Йӕ сӕр банкъусы Йерусалимы чызг, дӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ.


Дунедарӕг фесафдзӕн алы козбау ӕвзаджы хицауы, хиппӕлой ӕвзаг акъуырдзӕн.


Дунедарӕджы хӕрзтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн ӕз?


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, — Израил йӕхӕдӕг зӕгъӕд, —


Мӕн амарынмӕ чи бӕллы, уыдон мын ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой. Ме сӕфтмӕ бӕллынц ӕмӕ мӕ ’лгъитынц, бон-изӕрмӕ сау фӕндтӕ нывӕндынц.


Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ, Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.


Дунедарӕг Йӕ Кувӕндоны загъта: «Ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн, байуардзынӕн Шехемы зӕхх, Суккоты дӕлвӕз ныддихтӕ кӕндзынӕн.


Мӕн у Галаад, Менассиа дӕр — Мӕн; Ефрем у Ме згъӕрхуд, Иудӕ — Мӕ паддзахлӕдзӕг,


Ӕфхӕрд адӕм уый куы феной, уӕд бацин кӕндзысты. Хуыцауы чи агуры, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты царды ныфсӕй.


Уӕдӕ уын ӕз дӕр уӕ фыдбылызыл фӕхуддзынӕн, ӕвирхъау тас уыл куы бахӕца, уӕд хынджылӕг кӕндзынӕн.


Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый. Зӕххыл чи цӕры, уыдон цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты. Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй, ӕрцарӕзта сӕ цатырау, цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.


Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Уӕларв Мӕ бадӕн у, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах? Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan