Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 19:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Чи йӕ тохуӕрдӕттӕй ӕппӕлы, чи — йӕ бӕхтӕй, мах та стауӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ном.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Чи йӕ тохуӕрдӕттӕй ӕппӕлы, чи — йӕ бӕхтӕй, мах та стауӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы ном.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 19:8
44 Iomraidhean Croise  

Авраам Мӕм кӕй байхъуыста ӕмӕ Мын Мӕ ныстуантӕ, Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй».


Цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ, цы ’гъдӕуттӕ ӕмӕ уын цы фӕдзӕхстытӕ радтон, уыдон ӕххӕст кӕныныл уӕхи хъарут цӕрӕнбонты. Уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ма рох кӕнут. Ма табу кӕнут ӕндӕр хуыцӕуттӕн.


Уыйадыл адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты ӕмӕ иууылдӕр минас кӕнын ӕмӕ хуынтӕ ӕрвитынмӕ фесты. Сразӕнгард сты хъӕлдзӕг бӕрӕгбон аразынмӕ, уымӕн ӕмӕ сын цы ныхӕстӕ загъдӕуыди, уыдон бамбӕрстой ӕмӕ сӕ айстой сӕ зӕрдӕмӕ.


Ды ӕрхызтӕ Синайы хохмӕ ӕмӕ семӕ ныхас кодтай уӕларвӕй. Радтай сын раст фӕдзӕхстытӕ, рӕстдзинады ӕгъдӕуттӕ, фарны уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ барфыстытӕ.


уӕд та-иу Йӕ зӕрдыл ӕрӕфтыди, кӕддӕр семӕ цы фидыд сарӕзта, уый ӕмӕ, бирӕбараг кӕй у, уый фӕрцы та-иу сын фӕтӕригъӕд кодта.


Нӕ фӕтӕрсдзӕни уый фыд уацӕй, фидарӕй йӕ зӕрдӕ дары Дунедарӕгыл.


Дӕ хорзӕхыл мӕ зӕрдӕ дарын, куы мӕ фервӕзын кӕнай, уӕд цин кӕндзынӕн. Зардзынӕн Дунедарӕгыл, — стыр хорзӕх мын Чи ракодта, ууыл.


Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты, се ’ппӕт дӕр фехӕлдысты, хорздзинад ничи кӕны, иунӕг адӕймаг дӕр.


Хъус-хъус кӕнынц, сӕ марг калынц:


О Дунедарӕг, ссӕндынц Дын Дӕ адӕмы, ӕфхӕрынц сӕ,


Исты хъуыддаг равзаринаг сӕм куы вӕййы, уӕд мӕм ӕрбацӕуынц, ӕмӕ сын ӕз равзарын сӕ быцӕутӕ, бацамонын сын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ’гъдӕуттӕ».


Адӕймаджы уӕлзондӕй Дунедарӕг схайджын кӕны, зонд ӕмӕ зонынад Уый дзыхӕй рацӕуынц.


Хуыцауӕн Йӕ алы ныхас дӕр сыгъдӕг у; йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдонӕн Уый сӕ уарт у.


Уымӕн ӕмӕ фӕдзӕхст у цырагъ, ахуырад — рухс, зондамынд — царды фӕндаг.


Ды хӕлар цӕстӕй кастӕ рӕстгӕнджытӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ Дын чи нӕ рох кодта, уыдонмӕ. Фӕлӕ нӕм смӕсты дӕ, уымӕн ӕмӕ незамантӕй фӕстӕмӕ Дӕ цӕсты раз кодтам тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ. Фервӕзын нӕ кӕн!


Дӕ ныхас-иу сси мӕ хойраг, ӕз-иу ныццин кодтон Дӕ ныхӕстыл, мӕ зӕрдӕйӕн-иу циндзинад ӕрхастой, уымӕн ӕмӕ мыл сӕвӕрдӕуыд Дӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг!


Уӕ мидӕг уын бавӕрдзынӕн Мӕ Уд, ӕмӕ Мын уӕд Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзыстут, ӕххӕст мын кӕндзыстут Мӕ уагӕвӕрдтӕ.


Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕн. Ӕгъдауы руаджы, тӕригъӕд цы у, ӕрмӕст уый базонӕм.


Уымӕн ӕмӕ мӕ уд цин кӕны Хуыцауы ӕгъдауыл,


Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Ау, Ӕгъдауӕй цӕуы тӕригъӕд? Ницы хуызы! Фӕлӕ Ӕгъдау куынӕ уаид, уӕд, тӕригъӕд цы у, уый ӕз нӕ зыдтаин. Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдау куынӕ фӕдзӕхстаид «Ма бабӕлл», уӕд нӕ зыдтаин, бабӕллын цы нысан кӕны, уый.


Ӕгъдауы фӕрцы ӕз амардтӕн Ӕгъдауӕн, цӕмӕй цӕрон Хуыцауӕн. Ӕз тыгъд ӕрцыдтӕн Чырыстиимӕ.


Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауы зӕрдӕвӕрды ныхмӕ у? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ, мыггагмӕйы цард чи дӕтты, ахӕм ӕгъдау куы ӕрцыдаид лӕвӕрд, уӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уый раст кодтаид.


Цин кӕн Йӕ разы, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ, ноджы ма, уе ’хсӕн чи ӕрбынӕттон, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ, стӕй сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ.


Уӕ бӕрӕгбон хъӕлдзӕгӕй ӕрвитут: ды, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрджытӕ: левиттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сидзӕрӕй ӕмӕ идӕдзӕй дзы чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan