Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 18:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уӕлӕрвтӕ Хуыцауы кадыл дзурынц, арвы къӕй ӕвдисӕн у Йӕ хъуыддӕгтӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Уӕлӕрвтӕ Хуыцауы кадыл дзурынц, арвы къӕй ӕвдисӕн у Йӕ хъуыддӕгтӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 18:2
18 Iomraidhean Croise  

Мӕ Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, уым агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн. Уый — мӕ уарт, мӕ ирвӕзӕн хох, мӕ фидар гӕнах. Ды — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, фыдбылызӕй мӕ бахызтай.


Алелуйа! Стаут Дунедарӕджы, ӕппӕт адӕмтӕ! Кад ын кӕнут, ӕппӕт знӕмтӕ!


Ӕрвылбон Дын кад кӕндзынӕн, мыггагмӕ Дын ӕппӕлдзынӕн Дӕ номӕй.


Давиды псалом. Скад кӕнут Дунедарӕгӕн, Хуыцауы фырттӕ, Дунедарӕджы кад ӕмӕ хъомыс сыстаут!


Бырухгӕд сахармӕ мӕ чи бакӕндзӕн? Чи мӕ акӕндзӕн Едомы онг?


О Хуыцау! Ды мӕ Хуыцау дӕ, сӕумӕйӕ Дӕм тырнын. Дӕумӕ бӕллы мӕ уд, ӕнӕдон, хус ӕдзӕрӕг быдыры, Дӕу мысгӕйӕ, ӕз баруайын.


Мӕ хуыссӕны дӕр Дӕ ӕрымысын, ӕхсӕвыгон дӕр Демӕ сты мӕ хъуыдытӕ.


Ды, Хуыцау, тӕрхон кӕнын куы райдыдтай ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы сӕрыл куы рахӕцыдтӕ, уӕд.


Куыд ӕхцон у Дунедарӕджы стауын ӕмӕ Дӕ номы кадӕн зарын, Бӕрзӕндтыл Бадӕг,


дӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты зӕлтимӕ.


Дунедарӕг мӕ хъомыс, мӕ хъару, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг у. Уый мӕ Хуыцау у, ӕмӕ Йын кад кӕндзынӕн, Уый — мӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕмӕ Йӕ стаудзынӕн!


Зивӕггӕнаг кусӕг дӕрӕнгӕнӕгӕй уӕлдай нӕу.


Рӕстгӕнджытӕн Уый ӕрцӕттӕ кодта уӕлахиз, тӕригъӕдӕй йӕхи чи хизы, уыдонӕн Уый сӕ уарт у.


Алчидӕр сӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕни, сис дымгӕйӕ куыд бахизы, уӕлхӕдзар — тыгъдызӕйӕ, суадӕттӕ хус быдыры куыд бахъӕуынц, бӕрзонд къӕдзӕхы аууон ӕдзӕрӕг ран фӕллад лӕгӕн куыд баххуыс кӕны, уыйау.


О Дунедарӕг! Ды — мӕ тых, мӕ мӕсыг, бӕллӕхы заман ме ’мбӕхсӕн Ды дӕ! Цӕудзысты Дӕм зӕххы кӕрӕттӕй адӕмтӕ, зӕгъдзысты Дын: «Нӕ фыдӕлтӕн сӕ бынтӕ — ӕнӕпайда гуымирытӕ, мӕнгдзинад.


Ӕмӕ ноджыдӕр: «Ӕз Ыл Мӕ зӕрдӕ дардзынӕн». Ӕмӕ ноджыдӕр: Мӕнӕ Ӕз Мӕхӕдӕг ӕмӕ, «Хуыцау Мын кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan