Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 18:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Чи уыны йӕ рӕдыдтытӕ? Ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтон, уыдонӕй мӕ ссыгъдӕг кӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

13 Чи уыны йӕ рӕдыдтытӕ? Ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтон, уыдонӕй мӕ ссыгъдӕг кӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 18:13
18 Iomraidhean Croise  

Уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕр баууӕнддзынӕн, дӕ рахиз къух дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл.


Уый махӕн у нӕ Дунедарӕг Хуыцау, ӕгас зӕххы тӕрхонгӕнӕг.


«Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц, ӕнӕбонтӕ дзыназынц, — ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый фервӕзын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уадз ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ сӕ ахсӕн хызты бахауой сӕхӕдӕг, ӕз та сӕ иувӕрсты ацӕудзынӕн ӕдасӕй.


Арв нӕрыд ӕмӕ ӕрттывта, уасыд сыкъауадындз, фӕздӕг калдта хох. Адӕм уыдтой ӕмӕ хъуыстой ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дӕрддзӕф алӕууыдысты.


Их йӕ уарынӕй не ’нцад, арвы судзгӕ фӕттӕ йе ’хсӕнты цӕхӕртӕ калдтой. Ахӕм ӕбуалгъ ихуард цӕрынӕй-хӕрынмӕ никуыма федтой Мысыры цӕрджытӕ.


Херувимтӕн сӕ базырты уынӕр хъуысти суанг ӕддаг кӕртмӕ, уыцы уынӕр уыдис Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсы ӕнгӕс, Уый дзургӕ куы фӕкӕны, уӕд.


Йӕ разӕй рын цӕуы, Йӕ фӕдыл — емынӕ;


Уым цы адӕм лӕууыд, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд иутӕ загътой: «Уый арвы нӕрын у». Иннӕтӕ дзырдтой: «Зӕд ныхас кодта Йемӕ».


Стонгӕй мӕлдзысты, тӕвднизӕй сӕйдзысты, рын сыл сыстдзӕни. Сырды ссыртыл ӕфтыд фӕуыдзысты, калмы маргӕй цагъды кӕндзысты.


Бет-Хороны фахсыл уым дӕлӕмӕ куы фӕцӕйлыгъдысты израилӕгты разӕй, уӕд сыл Дунедарӕг уӕларвӕй стыр ихдуртӕ ӕппарын байдыдта суанг Азекайы онг, ӕмӕ мардысты. Ихдурты амӕттӕгтӕ фӕфылдӕр сты, израилӕгтӕ кардӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй.


Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Алелуйа! Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, сси Паддзах!


Паддзахы бадӕнӕй-иу рацыдис ӕрвӕрттывдтӕ, хъуысти дзы ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, паддзахы бадӕны раз сыгъдис авд цырагъы — уыдон сты Хуыцауы авд уды.


Зӕд райста будсудзӕн, байдзаг ӕй кодта нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй ӕмӕ йӕ фехста зӕхмӕ. Райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, арв нырттывта, ӕмӕ зӕхх нынкъуысти.


Самуел иууылсудзинаг нывонд куы хаста, уӕд филистимӕгтӕ ӕрбацӕйбырстой Израилмӕ. Уыцы бон Дунедарӕг филистимӕгты тыхджын ӕрвнӕрдӕй удаист фӕкодта, ӕмӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты израилӕгты къухӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan