Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 17:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Фӕздӕг калди Йӕ фындзы хуынчъытӕй, Йӕ комӕй арт бырста, зынджы стъӕлфӕнтӕ калдысты Йӕ алыварс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Фӕздӕг калди Йӕ фындзы хуынчъытӕй, Йӕ комӕй арт бырста, зынджы стъӕлфӕнтӕ калдысты Йӕ алыварс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 17:9
8 Iomraidhean Croise  

Ӕз Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, скӕндзынӕн бынат, уым сын сӕ уидӕгтӕ ауадздзынӕн ӕмӕ сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты, ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ нал ӕфхӕрдзысты раздӕрау,


Уадз, сӕрыстыр мӕн йӕ къӕхты бын ма ныссӕнда, фыдлӕгты къух мӕ, уадз, ма фӕсура.


Йӕ ныхӕстӕ — хинӕйдзаг ӕмӕ мӕнг; нӕдӕр уӕлзондмӕ тырны, нӕдӕр — хорздзинад ракӕнынмӕ.


Дӕ рӕстад — Хуыцауы хӕхтау бӕрзонд, Дӕ раст тӕрхон — ӕнӕбын хуыдымау! Адӕмыл дӕр ӕмӕ фосыл дӕр аудыс, Дунедарӕг!


кӕд, мемӕ хӕларӕй чи царди, уымӕн йӕ хорз ӕвзӕрӕй бафыстон, — ӕз, ӕнӕ исты ’фсонӕй-иу ме знаг чи сси, уый дӕр-иу чи фервӕзын кодта, —


Саул цыди хохӕн йӕ иу фахсыл, Давид ӕмӕ йӕ адӕм — хохӕн йӕ иннӕ фахсыл. Сӕхи хъардтой Саулӕй алидзыныл, фӕлӕ сӕм Саул йӕ адӕмимӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта.


Абон дӕхи цӕстӕй федтай, Дунедарӕг дӕ лӕгӕты мӕ къухтӕм куыд лӕвӕрдта, уый. Дзырдтой мын, амар ӕй, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын ӕз фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ загътон: „Мӕ паддзахмӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Дунедарӕджы байсӕрст у“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan