Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 17:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Мӕ тыхстӕй ӕз Дунедарӕгмӕ скуывтон, мӕ Хуыцаумӕ сдзынӕзтон. Йӕ Кувӕндонӕй фехъуыста мӕ хъӕлӕс, сыхъуысти Йӕм мӕ дзыназын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Мӕ тыхстӕй ӕз Дунедарӕгмӕ скуывтон, мӕ Хуыцаумӕ сдзынӕзтон. Йӕ Кувӕндонӕй фехъуыста мӕ хъӕлӕс, сыхъуысти Йӕм мӕ дзыназын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 17:7
18 Iomraidhean Croise  

Кӕй фауыс ды, фидистӕ кӕмӕн кӕныс? Кӕуыл хъӕр кӕныс, кӕмӕ кӕсыс сӕрбӕрзондӕй? Израилы Уаз Хуыцаумӕ!


— Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн ацы сахар, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд».


Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».


Дӕ ирвӕзындзинад ын ӕрхаста намыс, бӕрзонд ӕй систай, ӕмӕ ӕрттивы йӕ ном.


Ды дӕ ӕппӕт адӕмӕй хуыздӕр, Дӕ дзыхӕй фарн кӕлы, — Хуыцау Дын арфӕ ракодта ӕнусмӕ.


Уадз, ӕнусмӕ Дӕ цатыры ’рцӕрон, Дӕ базыры бын ссарон ӕнцой.


О Дунедарӕг, нӕ сыхӕгтӕ Дын цы фидистӕ фӕкодтой, уыдон сӕм авд ахӕмӕй раздах!


Дунедарӕг, Дӕ рахиз къухӕн йӕ хъомысы кой айхъуыст. Дӕ рахиз къухӕй, Дунедарӕг, Ды знӕгты ӕрцавтай,


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


Йесо ист ӕрцыд Хуыцауы рахизфарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ.


ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, адӕмты Паддзах!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan