Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 16:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Де стыр хорзӕх ма бахӕлӕг кӕн, йӕхи Дыл чи бафӕдзӕхста, уыдонӕн, Дӕ рахиз къухӕй сӕ бахиз фыдгулӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Де стыр хорзӕх ма бахӕлӕг кӕн, йӕхи Дыл чи бафӕдзӕхста, уыдонӕн, Дӕ рахиз къухӕй сӕ бахиз фыдгулӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 16:7
20 Iomraidhean Croise  

Куыддӕр сын райдайын сабырдзинадыл дзурын — хӕстӕввонг свӕййынц уыдон.


Дунедарӕг — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар, мӕ ирвӕзынгӕнӕг! Мӕ Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ уарт, мӕ ирвӕзӕн хох, мӕ фидар гӕнах!


Хизы мӕ сойджын сӕрвӕтты, хоны мӕ сабыр цӕугӕдӕттӕм.


Фыдвӕндтӕ аразынц, тӕрхӕттӕ кӕнынц, сӕ ахсӕн хыз хуыздӕр кӕм сӕвӕрой, ууыл. Дзурынц: «Цӕй, чи нӕ фендзӕн?»


Ӕфхӕрд лӕг ма аздӕхӕд ӕгадӕй, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк Дын сыстауӕнт Дӕ ном.


Ӕз дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй, рагзаманты сусӕгтӕ уын ӕрхӕсдзынӕн.


Нӕ фӕстагӕттӕ, ӕрцӕуинаг фӕлтӕртӕ сӕ куыд зоной ӕмӕ сӕ уыдон дӕр сӕ сабитӕн куыд амоной сӕ рады.


Уынаффӕ ӕмӕ ӕнтыст мӕнмӕ сты; ӕз зонд дӕн, ӕмӕ хъару мемӕ ис.


Мӕ зӕрдӕ Дӕм ӕхсӕв дӕр тырны, Дӕу агуры сӕумӕрайсом мӕ уд. Ды зӕххӕн раст тӕрхон куы фӕкӕныс, уӕд дунейы цӕрджытӕ базонынц рӕстдзинад цы у, уый.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Израилы Уаз Хуыцау: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, ӕмӕ уӕ размӕ хонын уӕ царды фӕндагыл, ахуыр уӕ кӕнын, ахъаз уын цы фӕуыдзӕн, ууыл.


Дунедарӕг Хуыцау мын радта куырыхонты ӕвзаг, цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй барӕвдауон фӕллад лӕджы. Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны, цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон Йӕ ахуыргӕнинагау.


Ныссагътай сӕ, ӕмӕ сӕ уидӕгтӕ арф ауагътой, сырӕзтысты, ӕмӕ сыл дыргътӕ фӕзынди. Ӕдзух Дӕ кой кӕнынц, фӕлӕ сӕ зӕрдӕтӕй дард дӕ.


Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».


Иуахӕмы Йесо хохмӕ ссыди кувынмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв уым, Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, арвыста.


Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan