7 цӕмӕй адӕмты ӕмӕ алы знӕмты бафхӕрой;
Паддзахады ӕндӕр рӕтты цӕрӕг иудейӕгтӕ дӕр ӕрбамбырд сты, цӕмӕй сӕхи бахъахъхъӕной ӕмӕ се знӕгтӕй фервӕзой. Сӕ фыдгултӕй ӕвдай фондз мин адӕймаджы ныццагътой, фӕлӕ сын сӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой.
Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты иудейӕгтӕ сӕ фыдгултӕй фервӕзтысты, уыцы бонты сӕ хъыг цинмӕ раивта, сӕ маст — бӕрӕгбонмӕ. Уӕдӕ сын суӕнт уыдон циндзинад ӕмӕ куывды бонтӕ, кӕрӕдзимӕ хуынтӕ куыд хӕссой, мӕгуыртӕн лӕвӕрттӕ куыд кӕной!
Ашерӕйы цӕджындзтӕ сӕ рӕбынӕй акалдзынӕн, дӕ сахартӕ дын зӕххимӕ сиу кӕндзынӕн.
Уыйадыл Йешуа паддзӕхты ныммардта ӕмӕ сӕ фондз бӕласыл ӕрцауындзын кодта. Ауыгъдӕй фӕлӕууыдысты изӕрмӕ.
Дунедарӕджы зӕд бардзырд куы ратты: «Мерозы сахар ралгъитут, ралгъитут ын йӕ цӕрджыты, — йӕ хӕстонтӕ Дунедарӕджы фарс не ’рлӕууыдысты, сӕ сахъгуырдтимӕ Дунедарӕгмӕ нӕ фӕзындысты!»