Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 146:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дунедарӕг сдзӕбӕх кӕны зӕрдӕсастыты, сӕ хъӕдгӕмттӕ сын бабӕтты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 Дунедарӕг сдзӕбӕх кӕны зӕрдӕсастыты, сӕ хъӕдгӕмттӕ сын бабӕтты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 146:3
11 Iomraidhean Croise  

Уый йын загъта: «Кӕд дын Дунедарӕг не ’ххуыс кӕны, уӕд дын ӕз куыд баххуыс кӕнон? Нӕдӕр нӕм тыллӕджы мур куы нал баззад, нӕдӕр — сӕны ӕртах!


Уыцы заман зонынджын Ханани иудейаг паддзах Асамӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ды ныфсджын уыдтӕ Сирийы паддзахӕй. Дунедарӕгыл, дӕ Хуыцауыл, дӕ зӕрдӕ нӕ дардтай, ӕмӕ уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад аирвӕзти дӕ къухӕй.


мачи йын баххуыс кӕнӕд, йӕ сидзӕртӕн рӕвдауӕг ма разынӕд;


Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.


Уӕ зӕрдӕ ма дарут адӕймагыл, йӕ уд йӕ улӕфӕнты кӕмӕн ис, ууыл. Ау, уымӕн исты у йӕ бон?


«Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — фидар ран цы зӕгӕл ныкъкъуырдӕуыд, уый сызмӕлдзӕн ӕмӕ рахаудзӕн, цыдӕриддӕр ыл ауыгъд уыди, уыдон ныппырх-нызгъӕлӕн уыдзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.


Мысырӕгтӕн нӕй Хуыцауимӕ абарӕн, уыдон адӕмӕй уӕлдай ницы сты, сӕ бӕхтӕ дӕр Уд нӕ, буар сты. Дунедарӕг сӕм Йӕ къух сисдзӕн, ӕмӕ фӕкӕлдзӕни сӕрылхӕцӕг, кӕй сӕрыл хӕца, уый дӕр афӕлдӕхдзӕн, ӕмӕ бабын уыдзысты иумӕ.


Исайа сын загъта: «Уӕ хицауӕн зӕгъут, Дунедарӕг дын, зӕгъ, фӕдзӕхсы, Ассирийы паддзахы дӕлдӕртӕ Мӕн цы ныхӕстӕй фаудтой, уыдонӕй ма тӕрс.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan