Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 144:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды кады зарӕг. Кад Дын кӕндзынӕн, мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Паддзах, Дӕ ном Дын стаудзынӕн мыггагмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Давиды кады зарӕг. Кад Дын кӕндзынӕн, мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Паддзах, Дӕ ном Дын стаудзынӕн мыггагмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 144:1
16 Iomraidhean Croise  

Мӕ къухтӕ мын сфӕлтӕрдта тохы, ӕрхуы ӕрдын тасы мӕ армы.


Елисей та Израилы паддзахӕн ногӕй загъта: «Скӕсӕнӕрдӕм цы рудзынг кӕсы, уый байгом кӕн, ӕрдынбос айваз ӕмӕ фехс!» Йоаш ӕрдынбос куы айвӕзта, уӕд ын Елисей йӕ къухтыл йӕхи къухтӕ ӕрӕвӕрдта. Йоаш фехста фат, ӕмӕ йын Елисей загъта: «Ацы фат у, Дунедарӕг уын кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый нысан. Дунедарӕг лӕудзӕни уӕ фарсмӕ, арамейӕгты ныхмӕ куы схӕцат, уӕд, ӕмӕ сӕ бынтон ныццӕгъддзыстут Афекы».


Уӕлӕрвтӕ Хуыцауы кадыл дзурынц, арвы къӕй ӕвдисӕн у Йӕ хъуыддӕгтӕн!


Бон бонӕн ныхас ӕрвиты, ӕхсӕв ӕхсӕвӕн раргом кӕны зонындзинад.


Уадз ӕмӕ хӕхтӕй адӕммӕ амонд ӕрцӕуа, уадз ӕмӕ къуыбыртӕ адӕмӕн рӕстады дыргътӕ ’рхӕссой.


Дунедарӕгӕн ног зарӕг зарут, ӕгас зӕххы цъар, Дунедарӕгӕн зар!


Дунедарӕгыл уӕ зӕрдӕ дарут мыггагмӕ, уымӕн ӕмӕ Уый не ’нусон Къӕдзӕх у!


Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.


Мах цы хотыхтӕй хӕцӕм, уыдон адӕймаджы конд не сты, уыдонӕн сӕ мидӕг ис Хуыцауы тых, ӕмӕ уый та фидӕрттӕ ныппырх кӕны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan