Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 14:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 йе ’взист пайдайыл ӕфстау чи нӕ дӕтты, ӕнаххосы ныхмӕ гӕртамы фӕрцы чи нӕ рацӕуы. Афтӕ чи кӕны, уый никуы фӕцуддзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 йе ’взист пайдайыл ӕфстау чи нӕ дӕтты, ӕнаххосы ныхмӕ гӕртамы фӕрцы чи нӕ рацӕуы. Афтӕ чи кӕны, уый никуы фӕцуддзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 14:5
19 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ загъта паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естер ӕмӕ иудейаг Мардохейӕн: «Ӕз Аманы исбон радтон Естерӕн, йӕхи та йын цӕджындзыл сауыгътой, иудейӕгты кӕй цӕгъдын кодта, уый тыххӕй.


Арфӕгонд уӕд Дунедарӕджы ном ныр дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр!


Ӕрхъуыды-ма кӕн Дӕ хорзӕхтӕ, Де ’нусон хӕлардзинад.


Йӕхӕдӕг нын равзӕрста фыдӕй-фыртмӕйы исбон — Йӕ уарзон Йаков хъал кӕмӕй у, уыцы бынтӕ.


Кады зарӕг зарут Хуыцауӕн, зарут! Кады зарӕг сисут нӕ Паддзахӕн, сисут!


Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ, Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.


Ды айгӕрстай фӕндаг донгуырӕнтӕн ӕмӕ суадӕттӕн, Дӕ хъомысӕй стыр цӕугӕдӕттӕ байсыстысты.


Бахӕцӕд се ’ппӕтыл тас ӕмӕ ризӕг! Дӕ хъомысӕй цавддуртӕ фестӕнт, цалынмӕ, Дунедарӕг, Дӕ адӕм цӕуой, уӕдмӕ, Дӕхи кӕй бакодтай, уыцы адӕм!


Ӕнӕхуыцау, куы ничи йӕ сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕны, рӕстуд та домбайау хъӕбатыр у.


Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


Сымах алы фӕндтӕ нывӕндут, фӕлӕ уын фехӕлдзысты, уӕ иу ныхас дӕр нӕ сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис!


«Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ ныййардзӕн Фырт, схондзысты Йӕ Эммануил», ома «Хуыцау немӕ ис».


Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.


Филистимӕгтӕ иууылдӕр фӕудаист сты: рӕсӕнуаты ӕмӕ йӕ алфамбылай чи уыдис, уыдон, стӕй бӕстӕ гӕныстонгӕнджытӕ ӕмӕ Михмасмӕ бацӕуӕн хъахъхъӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмризӕджы рызтысты. Ӕгас зӕхх дӕр нынкъуысыд, ӕмӕ Хуыцау стыр тас бафтыдта филистимӕгтыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan